филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:12 суббота, 28 сентября 2024
30 апреля 2021, 13:29
Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыдис амалхъомады бартæ хъахъхъæнæг Медойты Тимуримæ

Æххæстбарджын минæвар радзырдта ивгъуыд азы куысты бæрæггæнæнты тыххæй æмæ загъта йæ хъуыдытæ, амалхъомады субъектты уавæр куыд фæхуыздæр кæнæн ис, уый тыххæй

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыдис амалхъомады бартæ хъахъхъæнæг Медойты Тимуримæ. Æххæстбарджын минæвар радзырдта ивгъуыд азы куысты бæрæггæнæнты тыххæй æмæ загъта йæ хъуыдытæ, амалхъомады субъектты уавæр куыд фæхуыздæр кæнæн ис, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ бизнесментæ арæхдæр хъаст кæнынц, цæстдарæг оргæнтæ сын сæ куыст кæй къуылымпы кæнынц, æмæ энергийы тарифтæ æгæр кæй рæзынц, ууыл. Сергей Меняйло куыд бахахх кодта, афтæмæй амалхъомдзинады куыст æнæзæрдæхудт æмæ закъоны бындурыл чи кæны, уыцы адæмæн кæдфæндыдæр уыдзæнис паддзахадон фарсхæст. Уымæй уæлдай Медойты Тимурæн бабар кодта, цæмæй бакуса, фæсаууонмæ амалхъомад раргом кæнын æмæ фылдæр æргом аздаха, хи тыхтæй чи кусы, уыцы адæмы фарстатæм. Фембæлды кæрон Сергей Меняйло загъта, цæмæй тагъд рæстæджы саразой амалхъомдзинады советы æмбырд, цæмæй иумæйаг тыхтæй равзарой, къабазы раз цы цæлхдуртæ ис, уыдон аиуварс кæныны мадзæлттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania