филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:15 суббота, 28 сентября 2024
04 мая 2021, 11:55
Нæ бæстæйы æфсæддон историйыл андзæвыны фадат фæзынд Цæгат Ирыстоны 5000 цæрæгæй фылдæрæн

Се ппæт дæр систы Иугонд Уæрæсейы акци «Уæлахизы диктант»-ы архайджытæ

Нæ бæстæйы æфсæддон историйыл андзæвыны фадат фæзынд Цæгат Ирыстоны 5000 цæрæгæй фылдæрæн. Се ппæт дæр систы Иугонд Уæрæсейы акци «Уæлахизы диктант»-ы архайджытæ. Фæрстытæн уыцы-иу рæстæг дзуæппытæ лæвæрдтой Уæрæсейы алы регионты цæрджытæ. Нæ республикæйы та акци арæзт æрцыд Майрæмададжы. Бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Адæймаг йæхи æнкъары, цымæ иумæйаг паддзахадон фæлварæны ис, афтæ. Фæлæ фарстатæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæимæ баст. Скъолаты партæтæ музейы залы…Уæрæсейы гвардийы кусджытæ æххæст кæнынц «Уæлахизы диктанты» хæслæвæрдтæ. Дзалаты Æхсар йæ зонындзинæдтæ тугкалæн 40-æм азты цаутæй ахæм форматы фæлвары фыццаг хатт. Райсомæй архайдта велосипедтыл дугъы, уый фæстæ та æрбадти партæйы уæлхъус фæрстытæн дзуæппытæ радтыны тыххæй.

Суаргом хъахъхъæнджыты музейы фæз акци сси уникалон бынат. Хуымæтæджы йæ нæ равзæрстой. 42-æмы ацы бынæттæ сæхиуыл бавзæрстой фашистты цæф. Уæд, æфсæддон-денджызон 5 училищæйы курстанттæ сæхицæй сæхгæдтой коммæ бацæуæн. 10 боны дзы цыдис æгъатыр тох. Ацы цаутæ историйы ныууагътой стыр фæд. Рацыди 80 азмæ хæстæг, æмæ нæ алкæйы хæс дæр у, не мзæххонты хъæбатырдзинад фæлтæртæм хæццæ кæнын. Уыцы нысанимæ, патри «Иугонд Уæрæсейы» минæвæрттæ равдыстой, ацы зæххыл æнустæм чи ис, уыдон рохгонд кæй не сты, уый.

Æдæппæтæй республикæйы бацæттæ кодтой 59 фæзы. Акцийы архайдтой скъоладзаутæ дæр. Ала адæймагæн дæр фадат уыди æфсæддон историйыл андзæвынæн. Гæнæн ын уыди онлайн форматы дæр. Уæвгæ та «Уæлахизы диктант» бæстæйы арæзт цæуы ныр æртыккаг хатт. Ацы хатт дзы сæйраг темæтæ уыдысты легендарон хæстон раздзæуджытæ Жуков æмæ Рокоссовскийы хъысмæттæ. Цæгат Ирыстон йæхæдæгдæр хъуыстгонд у йæ зындгод хъæбатыртæй, се сгуыхтдзинæдтæ æнустæм баззайдзысты адæмон зарджыты. Кæддæр хæстмæ кæрæдзийы фæдыл ацыдысты Гæздæнты 7 æфсымæры дæр. Абон сын сæ ном сæнусон кæныны тыххæй акцийы архайы æфсымæрты хистæр Мæхæмæты фæдон.

Акцийы архайджыты 45 минутмæ хъуыди 25 фарстæн дзуапп радтын. Дзалаты Æхсар йæ хæслæвæрд сæххæст кодта бирæ раздæр. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ фæндыд йæ зонындзинæдтæ бафæлварын, йæхимæ дæр цымыдиссаг каст, се ппæт фæрстытæн дзуæппыты ратдзæн æви нæ, уый. Фарстаты хсæн уыдысты нæ республикæйы территорийы цы цаутæ цыди, ахæмты. Зæгъæм, Æрджынарæджы бын тох.

Республикæйы æдæппæтæй «Уæлахизы диктант» ныффыстой 5 мин адæймаджы. Бæрæггæнæнтæ уыдзысты 24-æм июны. Уæлахиздзауты тыххæй хъусынгæнинаг, равæрдзысты официалон сайты. Федералон уæлахиздзаутæ та гæнæн ис æмæ иннæ аз суыдзысты Сырх фæзы, Уæлахизы Парады кадджын уазджытæ. Се ппæт фарстатæн раст дзуæппытæ чи радта, уыцы скъоладзаутæн уæлдæр ахуыргæнæндæттæм фæлварæнты рæстæг ратдзысты уæлæмхасæн баллтæ. Акци фæци, фæлæ хъæбатырты ном æнустæм цæрдзæн советон салдæттæ сæ цардæй кæй балхæдтой, уыцы уæлахизæн аргъ чи зоны, уыдоны зæрдæты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania