филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:11 суббота, 28 сентября 2024
04 мая 2021, 11:57
Стыр Уæлахиз чи хсыста, уыдонæй иу у Дамбегты Слангери

Йæ фæдонты æнæзæрдæхудт архайды фæрцы та сбæрæг и, кæм ныгæд у, уый

Æзтæ цæуынц, фæлæ Фыдæбæстæйы Стыр хæсты æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны ссарыны ныфс та къаддæр нæ кæны. Хæзныдоны хъæуы цæрæг Дамбегты Кемейы фырт Слангерий дæр æрæджыйы онг, нымад уыд æбæрæгæй сæфтыл. Фæлæ йæ фæдонты æнæзæрдæхудт архайды фæрцы та сбæрæг и, кæм ныгæд у, уый. Хæзныдоны цæрæг Дамбегты Викторимæ фембæлд Сосранты Жаннæ æмæ йын ракодта сæ бирæ азты сгарæн куысты кой.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ фæд кæуыл ныууагъта, уыцы хъæутæй иу уыд Хæзныдон. Гыццыл хъæуы цæрджытæн стыр æмæ уæззау зындзинæдтæ æвзаргæ рауад. Сæ фæззыгон куæстытæ сын ферох кæнын кодта. Октябры мæйы 1942 – æм азы фашистты æрдонгтæ æрбахæццæ сты Æрæфы районмæ. Дамбегты Виктор ма уæд кæд сывæллон уыд, уæддæр хорз хъуыды кæны уыцы рæстæг.

Фæшистты нæмгуыты тугуарæны фæстæ хæзныдойнæгтæй бирæтæ фесæвдысты. Уыцы цаутæ мысгæйæ Дамбегты Виктор ацы бон дæр бирæ хъуыддæгтыл дис кæны.

Хæзнидоны ахæм бийнонтæ стæн у, Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ иу сахъгурд кæмæй нæ ацыд. Бирæты та сæ ниййарджытæ рафæндараст кодтонцæ Фыдыбæстæйы размæ сæ хæс радтынмæ Сырх Æфсадмæ. Фæлæ сæ уым службæ кæнгæйæ æрæййафта фыдæзнаджы ныхмæ тох.

Дамбегты Слангериимæ службæ кодта Ирыстони зындгонд фыссæг Хъазыбегты Хъазыбег, йæ поэмæйы куыд фыссы, уымæ гæсгæ Сталинграды тохы рæстæг Слангеримæ фæхицæн сты.
Фалæ Дамбегти Слангерий кæстæртæ уæдæй нырмæ агуырдтой сæ уарзон фыды æфсымæры фæд. Йæ бæрæггæнæнтæ йын базыдтой Подольскы архивты æнæраздæхгæ сæфтыты номхыгъды. Йæ ном фыст у Украинæйы Херсоны облæсты п.Сагийы æфсымæрон цыртдзæвæныл.

Дамбегты Кеме æмы Гуриаты фырттæ се вæрæн, уæлдай бынтæй кæй бахастой Уæлахизмæ, уый дызæрдыггаг нæу . Бинонты кæстæрты тырнындзинад сæ хистæры хæстон фæндæгтæ базонын æмæ сæ фидæ фæлтæртæм фæхæццæ кæнын та у бафæзминаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania