филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:18 суббота, 28 сентября 2024
07 мая 2021, 11:59
Уæрæсейы гвардийы уæнгтæ дыккаг аз арфæ кæнынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæн

Фыццаг Уæлахизы Парадыл сæмбæлд Иван Селезнев

Ветераны хæдзары цур парад. Уæрæсейы гвардийы уæнгтæ дыккаг аз арфæ кæнынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæн. Фыццаг Уæлахизы Парадыл сæмбæлд Иван Селезнев. Ацы аз ыл æххæст кæны 102 азы. Æфсæддонтæм касти 5-æм уæладзыджы рудзынгæй. Оркестр ын ацагъта зындгонд æфсæддон зарджытæй попурри. Æппæты сæйрагдæр зарæг – День Победы та азарыди адæмон артист Дауыраты Эдуард. Уæрæсейы гвардийы разамынд кадджын хистæрæн арфæ ракодта нæ бæстæйы сæйрагдæр бæрæгбоны фæдыл. Хæсты рæстæг Иван Васильевич уыди пулеметчик. Торх кодта Ныгуылæн æмæ Калининаг фронтты. Архайдта Мæскуы бахъахъхъæныны тохы дæр, цалдæр хатты фæцис цæфтæ. 

Хорзæхгонд æрцыди «Сырх Стъалыйы»  æмæ Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг къæпхæны ордентæй, хъæбатырдзинады, йе фсæддон сгуытдзинæдты æмæ Германийыл фæуæлахизы тыххæй майдантæй. Хæсты фæстæ йын æнгом бастдзинад уыди æфсæддон службæимæ. 1951-æм азы æрвыст æрцыди Орджоникидземæ. Уæдæй нырмæ йæ хъысмæт баст у Цæгат Ирыстонимæ. Хæсты ветеранæн æгæрон æхсызгон уыди йæ хæдзары дуармæ йын æцæг парад кæй сарæзтой, уый. Кадджын маршы Уæрæсейы гвардийы уæнгтæ рацыдысты Иван Черновы рудзгуыты бын дæр. Иван фæллой кодта фронты фæсчъылдым. Хæрзæрыгонæй рынчынты ласта хæстæгдæр рынчындæттæм, уый фæстæ куыста колхозы. Йæ цардвæндаджы тыххæй радзырдта уазджытæн, иууылдæр зæрдæбын арфæ ракодтой отставкæйы булкъон æмæ мидхъуыддæгты министрады ветеранæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania