филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:17 суббота, 28 сентября 2024
07 мая 2021, 11:52
«Братья Газдановы. Семеро бессмертных»: ахæм сæргондимæ райсом канал «Россия 1»-ы эфиры рацæудзæн документалон кинонывы премьерæ

Систа йæ Алексей Денисов, æмæ баст у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты историимæ

«Братья Газдановы. Семеро бессмертных». Ахæм сæргондимæ райсом канал «Россия 1»-ы эфиры рацæудзæн документалон кинонывы премьерæ. Систа йæ Алексей Денисов, æмæ баст у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты историимæ. Кинонывы сæйрагдæр ныхас цæуы цæгатирыстойнаг Дзуарыхъæуыл. Ардыгæй ивгъуыд æнусы 40-æм азты хæстмæ ацыд 286 нæлгоймаджы. Сæ фыдыуæзæгыл сæмбæлдысты æрмæстдæр 97 адæймаджы. 189-æй та сæ цард радтой райгуырæн зæххы сæраппонд. Се хсæн Гæздæнты 7 æфсымæры дæр – дзуры кинойы автор. Гæздæнты Тассо æмæ Асæхмæты 7 фырты фæмард сты алы рæстæджыты, æмæ алы рæтты. Фæлæ ныууагътой ирд фæд нæ бæстæйы историйы. Кæстæр Хасанбег фæмард Украинæйы 1941-æм азы, Мæхæмæт æмæ Хадзысмелы амардтой 42-æм азы, Севастополь хъахъхъæнгæйæ, Махарбег фесæфт æбæрæгæй Мæскуыйы бынмæ тохы. Дзæрæхмæт хъæбатырæй фæмард, Новороссийск хъахъхъæнгæйæ. Созырыхъо æбæрæгæй фесæфт Украинæйы. Кæстæр Шамиль та 44-æм азы бацарæфтыд Латвийы зæххыл. 7 æфсымæры трагикон хъысмæтыл бирæ æнæмæлгæ рæнхъытæ фыст æрцыд. Сæ сæйрагдæр поэт Расул Гамзатовы æмдзæвгæ «Журавли».

Иу хатт ма йæ зæгъдзыстæм, документалон киноныв «Братья Газдановы. Семеро бессмертных» эфиры уыдзæн райсом канал Россия 1-ы, 11 сахаты æмæ 30 минутыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania