филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:18 суббота, 28 сентября 2024
11 мая 2021, 14:04
Уæлахизы бонмæ зæрдæмæдзæугæ мадзал арæзт æрцыд Хæзныдоны

Фыццаг хатт арæзт æрцыд Фыдæбæстæйы хæсты архайджыты дзаумæтты равдыст

Азтæ цæуынц, фæлтæртæ кæрæдзийы ивынц, фæлæ нæ абоны райдзаст, сæрибар цардмæ фæндаг ссарджыты нæмттæ та хъуамæ цæрой æнустæм. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æвирхъау цаутæ æвзаргæ рауадысты Æрæфы районы цæрджытæн дæр. Немыцаг фашисттæ сæ фæд кæм ныууагътой, уыцы хъæутæй иу у Хæзныдон. Уым алы хатт дæр Уæлазизы бонмæ саразынц номарæн мадзал. Уыди дзы не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæстондæр радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Бæгуыдæр ацы æмдзæвгæтæ чи дзуры, уыцы сабиты зæрдæтæм куы бахъара сæ рæнхъыты мидис, уæд зондзысты аргъ кæнын сæ хистæрты хъæбатырдзинæдтæн. Уæд сæ фæнддзæн дарддæр фидæны фæлтæртæм хæццæ кæнын нæ абоны сæрибар цардмæ фæндаг аразджыты нæмттæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст уыд æвирхъау лæгæвзарæн рæстæг. Йæ быдырты баззад милуан адæм. Се хсæн уыдысты хæзныдойнæгтæ дæр. Ацу æмæ мауал æрбацуйы фæндагыл дзы цæугæ рауад сæдæ цыппор дыууæ сахъгуырдæн. Радон хатт сын сæ ном ссардтой, цыппар азы размæ ам сæ хъæбултæм æнхъæлмæ чи каст, уыцы мадæлты номыл цы цырдзæвæн сарæзтой, уый цур. Уæвгæ йын Уæрæсейы æмбал нæй. Алы хатт йæ цуры æрбамбырд вæййынц районы, хъæуы цæрджытæ. Аргъ скæнынц патриотон темæимæ баст литературон уацмыстæ аив кæсджыты конкурс «Помним сердем..»-ы архайджытæн.

Конкурсы архайынмæ курдиæттæ балæвæрдта 40 адæймаджы, уыдонæй финалмæ чи рацыд, уыдоны хсæн равзæрстой фыццаг æртæ бынаты аккаг чи сси, уыдоны. Саккаг сын кодтой æхцайы премитæ, кады гæххæттытæ æмæ уæлпхиздзауæн та, æнæмæнг кубок. Уыимæ фондз сабийæн радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ иннæ архайджытæн та кады гæххæттытæ.

Мадзалы архайдтой Æрæфы районы сæргълæууæг Гъуцъунаты Хъазыбег, Администрацийы сæрдар-Лагкуыты Омар, ветеранты Советы хицау Бетрозты Майран, Стыр Ныхасы сæрдар Хуасдзауты Тазрет. Куыд кадджын уазæг, афтæ Тазретæн бар лæвæрд æрцыд Номарæн мыдадзын цырагъ ссудзынæн. Уый фæстæ æдзæмæй лæугæйæ, ссардтой сæ хъæбатæрты рухс нæмттæ.

Фыццаг хатт Хæзныдоны арæзт æрцыд Фыдæбæстæйы хæсты архайджыты дзаумæтты равдыст. Зæрдиагæй сын сæ æрбахастой цæстыгагуыйау сæ чи хъахъхъæны, уыцы кæстæртæ, стæй дзы равæрдтой скъолайы музейы экспонаттæ.

Сæ фыдæлты мысинæгтæ, æрбацæуджытæм фæхæццæ кодтой хæсты сывæллон Дамбегты Виктор-йæ фæрцы бантыст баххæст кæнын Хæзныдоны хæсты цауты истори, Хъуылцыты Æхсарбег æмæ Чибиты Олег.

Изæрмæ æрбацæуджытæн хорз лæвар уыд, 58–æм æфсады фæрцы, Хæзныдоны фыццаг хатт æвæрд кæй æрцыд хæстон цæлгæнæн, уый. Сывæллæттæ бæрзонд аргъ скодтой хæрзад кас æмæ цайæн.

Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ Уæлахизы бæрæгбоны кадæн ам арæзт кæй æрцæуы футболон турнир. Фæархайынц дзы районы хъæуты минæвæрттæ. Ацы хатт уæлахиздзау сси Цыколайы дыккæгæм скъолайы командæ, дыккаг банаты преми райстой Цыколайы фыццæгæм скъолайы футболисттæ, æртыккаг бынаты аккаг хъазт та равдыста Хæзныдоны скъолайы командæ. Фембæлды хуыздæр спортсменæн дæр лæвæрд æрцыд сæрмагонд кубок.

Уæдæ Ирыстоны хъуыстгонд зарæггæнджытæ Езеты Игорь, Цæрикъаты Риммæ æмæ Дедегкаты Амен та сæ курдиатæй барæсугъд кодтой мадзал, æмæ акодтой хæстон зарджытæ. Æнæзивæгæй дзы бацархайдта Лескены культурæйы хæдзар æмæ кафты ансамбль «Хæзныдон».

Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый, æмæ ацы мадзал æдзухдæр арæзт кæй æрцæуы фæсивæды патриотон хъомыладмæ стыр æргом чи здахы, йæ райгуырæн бæстæйæн кад кæнынмæ, йæ мадæлон æвзагмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы Хъамболты Мараты хъæппæрисæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania