филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:21 суббота, 28 сентября 2024
19 мая 2021, 14:18
Фæндæгты хæдзарады комитеты минæвæрттæ фембæлдысты, акалыны программæмæ хаст чи рцыд, уыцы хæдзæртты цæрджытимæ

Ныхас цæуы, Терчы цæугæдоны сæрты хиды арæзтадмæ хæстæг чи у, уыцы цæрæн хæдзæрттыл

Цæгат Ирыстоны фæндæгты хæдзарады комитеты минæвæрттæ фембæлдысты, акалыны программæмæ хаст чи рцыд, уыцы хæдзæртты цæрджытимæ. Ныхас цæуы, Терчы цæугæдоны сæрты хиды арæзтадмæ хæстæг чи у, уыцы цæрæн хæдзæрттыл. Сты Чкаловы æмæ Мамсыраты Хаджумары уынгты. Хæдзæрттæ æмæ зæххы хæйттæ хъуамæ ист æрцæуой паддзахады хæрдзтæн. Фæлæ уыцы процедурæ ныддæргъвæтин ис, уымæн æмæ иуæй-иу хæдзæртты хицæуттæм æмбæлгæ гæххæттытæ нæ разындысты. Раздæр сын ведомствойы кусджытæ ахæм фадат лæвæрдтой, ома цæмæй цæрджытæ сæ исбон закъоны бындурыл хыгъды сæвæрой, фæлæ се ппæты къухы уый не фты. Радон фембæлды фæстæ сын комитеты специалисттæ радтой ноджыдæр иу мæй, сæ фарстатыл бакусынæн æмæ гæххæттытæ банывыл кæнынæн. Уый фæстæ ногæй арæзт æрцæудзæн, исбонæн аргъ скæныны хæдбар процедурæ. Хæдзæрттæ æмæ зæххы хæйттæ балхæндзысты, æмæ уый фæстæ арæзтæдтæ акалдзысты. Сæ бынаты та арæзт æрцæудзысты хидмæ бацæуæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania