филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 суббота, 28 сентября 2024
19 мая 2021, 14:21
Проект «Горæты æнцовадат цард»-ы фæлгæты Дзæуджыхъæуы дарддæр аивгонд цæуынц кæртытæ

Ныртæккæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц Темыраты æфсымæрты уынджы 68-æм хæдзары кæрты куыстытæ

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проект «Горæты æнцовадат цард»-ы фæлгæты Дзæуджыхъæуы дарддæр аивгонд цæуынц кæртытæ. Ныртæккæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц Темыраты æфсымæрты уынджы 68-æм хæдзары кæрты куыстытæ. Цæрджытæ æххуыс иу æмæ дыууæ хатты нæ агуырдтой. Къæвдаты фæстæ иу пырх фæндæгтыл уыдис æнæхъæн цадтæ. Партион проекты фæлгæты сын фæуæрæхдæр кодтой сæ кæрт, базылдысты фæндаджы уæлцъармæ, хъæуы ма дзы цъæхфæлысты куыст бакæнын. Хæстæгдæр рæстæг дзы сæвæрдзысты бандæттæ, сцалцæг кæндзысты быруйы иу хай. Проект «Горæты æнцонвадат цард» æххæстгæнгæйæ, ацы азы кæронмæ республикæйы базилдзысты 42 æхсæнадон зонæмæ æмæ 88 хæдзары кæртмæ. Сæйрагдæр куыстытæ асфальт сног кæнын, стæй рухсытæ сæвæрын. Цалдæр объекты хъуамæ фæзыной сывæллæтты хъазæн фæзтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania