филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:18 суббота, 28 сентября 2024
19 мая 2021, 14:40
Сбæрæг сты ирон æвзагыл журналистон куыстыты конкурс «Мæ уарзон Ирыстон»-ы республикæйы Хицауады премийы лауреаттæ

Ирон журналистикæмæ стыр æвæрæн хæссыны тыххæй сæрмагонд хæрзиуæгæй хорзæхгонд æрцыди Радио «Алани»-йы амонæг Налдыхъуаты Зæлинæ

Сбæрæг сты ирон æвзагыл журналистон куыстыты конкурс «Мæ уарзон Ирыстон»-ы республикæйы Хицауады премийы лауреаттæ. Мыхуыры фæрæзы хуыздæр æрмæджы тыххæй хæрзиуджы аккаг сси газет «Дигорæ»-йы журналисткæ Бичилты Алетæ. Телевизион куыстыты автортæй хуыздæрыл нымад æрцыди национ телекомпани «Осетия-Ирыстон»-æй Зыхъуаты Жаннæ. Радиойы къабазы та стыр аргъ скодтой Мамиаты Дианæйы, Налдыхъуаты Камиллæйы æмæ Киситы Эвелинæйы куыстытæн. Ирон журналистикæмæ стыр æвæрæн хæссыны тыххæй сæрмагонд хæрзиуæгæй хорзæхгонд æрцыди Радио «Алани»-йы амонæг Налдыхъуаты Зæлинæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania