25 мая 2021, 12:17
Мыггæгты мæсгуытæн проекттæ аразыныл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды
Æрбахуыдтой йæм мыггæгты организациты минæвæртты
Мыггæгты мæсгуытæн проекттæ аразыныл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Æрбахуыдтой йæм мыггæгты организациты минæвæртты. Стыр æргом аздæхтой, æрдæгхæлд, кæнæ бынтон хæлд чи рцыд, уыцы ирон мæсгуытæ сног кæныны мадзæлттыл. Дæнцæгæн æрхастой Цгъойты мыггаджы мæсыг. Фембæлд саразыныл бакуыстой Цгъойты мыггаджы совет, республикон змæлд «Иудзинад», стæй сын баххуыс кодта проект «Память сквозь века»-йы президентты грантты Фонд. Бæстон ныхасы архайдтой Цæгат Ирыстоны культурон бынтæ хъахъхъæныны Комитеты специалисттæ, мыггæгты организациты минæвæрттæ. Уыимæ сæ мæсгуытæ раздæр чи сцалцæг кодта, уыдон. Цгъойтæ куыд загътой, афтæмæй сæ фæлтæрддзинадæй сæ бон у иннæ мыггæгтæн баххуыс кæнын дæр.
темæмæ гæсгæ