филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:23 суббота, 28 сентября 2024
26 мая 2021, 15:26
29-æм æфсæддон городок кæй хонынц, уый цæрджытæм гæсгæ сæ хæдзæрттæ сты æдзæллаг уавæры

Уымæн æмæ цух æййафынц хуымæтæг, фæлæ æмбæлгæ уавæртæй

29-æм æфсæддон городок кæй хонынц, уый цæрджытæм гæсгæ сæ хæдзæрттæ сты æдзæллаг уавæры. Уымæн æмæ цух æййафынц хуымæтæг, фæлæ æмбæлгæ уавæртæй. Райдай сæ фæндаджы уавæрæй, æмæ нырыккон инфраструктурæйæ фæуы. Адæм бирæ азты дæргъы архайынц сæ фарстатæ алыг кæныныл. Фæлæ сæм уыйхыгъд фæзынынц ног бакусинаг хъуыддæгтæ. Кæдмæ уыдзæн афтæ, стæй куыд ис уавæр аивæн, уый базонынынл бацархайдта Гуытъиаты Алинæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Риссаг фарстатæ бонæй бон фылдæр кæнынц, фæлæ сæ алыг кæнын къухы не фты. Дыууын фарæстæм æфсæддон городоккы цæрджытæ раст фæдис хъæр кæнынц. Сæ фæндæгтæ сты пырх, кæртмæ бацæуæн та нæй, уый та хаттæн къуылымпы кæны тагъд æххуысы машинæты куыст. Уымæн йæ аххосаг у, городокмæ бацæуæны цы æнæзакъон машинæтæлæууæн бынат ис, уый. Ам сæ транспорт ныууадзынц æфсæддонтæ. Уавæр аивын нæу фæндаггон инспекцийы бон дæр, уымæн æмæ дзы нæй амонæн нысантæ. Уыимæ ма иуæй-иу шофыртæ сæ фæстæ ныууадзынц бырæтты кæритæ.

Уыцы фарстатæ алыг кæнын цæрджытæ архайынц дæргъвæтин рæстæг. Ацы хатт та æххуысагур бацыдысты Æппæтуæрæсеон адæмон фронтмæ. Радзырдтой сын сæ инженерон коммуникациты заууат уавæры тыххæй. Дондзæуæнтæ æмæ канализаци домынц æвæстиаты рацарæзт. Чысыл газуарæн дæлстанцæйы бон та нæу цæрджыты æрдзон артагæй фаг баххæст кæнын. Нæй дзы рухсгæнæнтæ дæр.

Уыцы фарста æнцонтæй алыг кæнæн уаид, городоккы территори Дзæуджыхъæуы администрацийы бæрны куы уаид, уæд. Уыцы зæххы хай ныридæгæн ис хъахъхъæнынады министрады исбонады. Дыууæ азы размæ рахастой бардзырд, цæмæй йæ горæтæн радтой, уый тыххæй. Æфсæддон ведомствæ æппæт документтæ сцæттæ кодта.
Горæты администрацийы нын зæрдæ бавæрдтой, æфсæддонты городок цы зæххы хайыл ис, уый муниципалон исбонадмæ кæй райстой, уый тыххæй.

Уыцы уавæр карздæр кæнынц, городоккы территорийы цы гаражтæ ис, уыдон. Зæронд гæрзтæхсæн комбинаты бæстыхайы та æхсæвиуат ссарынц, хæдзар кæмæн нæй, уыцы адæм æмæ йæ байдзаг кодтой бырæттæй. Хъыгагæн уыцы бынатмæ фæстаг рæстæг сарæх сты сывæллæттæ дæр.

Ахæм уавæр сæвзæрд, Мæздæджы районы цы æфсæддон городок уыдис, уым дæр. Цæрджытæ куырдтой, цæмæй сын сæ цæрæнбынат саив кæной. Уæрæсейы арæзтады министрады сын куыд загътой, афтæмæй сын ис бар архайын хæрзвадат горæты тыгъдады программæты. Уыимæ уæлдай нæу, зæхх кæй бæрны ис, уый. Уыцы фæлтæрддзинадæй спайда кæндзысты дыууын фарæстæм æфсæддон городоккы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania