филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:23 суббота, 28 сентября 2024
26 мая 2021, 15:32
Металлургты Галуаны уыд Цъугкиты Солтаны мысæн изæр

Уым ын афæлгæсыдысты йæ цыбыр, фæлæ мидисджын царды сыфтыл

«Рухсзæрдæйæ уын фæцардтæн, æмæ мæ зæрдæрухсæй мысут»….Уды кондæй рæсугъд æмæ зæрдæйы ахастæй та хæрзаудæг, æхæм адæймагыл нымадтой Цæгат Ирыстоны адæмон артист, Паддзахадон Дыгурон драмон театры курдиатджын æмæ ирддæр актертæй иу Цъугкиты Беслæны фырт Солтаны йе мкусджытæ, зонгæтæ æмæ хиуæттæ. Йæ ном ссарыны нысанимæ Металлургты галуаны арæзт æрцыд мысæн изæр. Уым ын афæлгæсыдысты йæ цыбыр, фæлæ мидисджын царды сыфтыл. Уæвгæ, фехъусынæй фенын хуыздæр у, æмæ бакæсæм Сосранты Жаннæйы сюжетмæ.

Йæ ном цæрдзæн йæ сарæзт сурæттæ æмæ зарджыты. Цъугкиты Солтан кæд йæ царды 50 азмæ дæр не схæццæ, уæддæр ын бантыст йæ рæсугъд уды æнкъарæнтæ театрдзауты зæрдæтæм фæхæццæ кæнын. Йæ алы роль дæр уыд æнæбафæзмгæ.

Уый æмбæрстой театрдзаутæ дæр æмæ зæрдиагæй цыдысты цы спектакльты хъазыд, уыдонмæ. Дыгурон паддзахадон драмон театрмæ æрбацæуджытæ уæлдай аргъ кодтой Цъугкиты Солтаны сфæлдыстадæн. Цы спектакльты архайдта, уыдонмæ нырдæр фенхъæлмæ кæсынц, фæлæ дзы курдиатджын Солтан цы комулæфт бавæрдта, уый нал банкъарынц. Афтæ адæмы уарзондæр спектакльтæй иу у «Сыхæгтæ».

Ацы спектаклы ныр, Солтан цы сурæты архайдта, уый йæхиуыл бары Габеты Хетæг, фæлæ куыд зæгъы, афтæмæй Солтаны хуызæн курдиатджын адæм стæм сты.Сæ театралон царды сын тынг нæ фаг кæны.

Солтан, канд курдиатджын актер нæ уыд, фæлæ ма зарæггæнæг дæр. Хуымæтæджы йын нæ саккаг кодтой Цæгат Ирыстоны адæмон артисты ном. Уымæй сæйрагдæр та уый уыд, хæдæфсарм, хæрзæгъдау, зæрдæхæлар, цæстуарзон адæймаг, хæлæрттæн æцæг хорз æрдхорд, хистæртæн – лæггадæгæнæг, кæстæртæн – зондамонæг, раст фæндагыл æвæрæг. Царды адæймаг сæмбæлы ахæмтыл, кæцыты сæ амæлæты фæстæ дæр ферохгæнæн нæй. Уымæн æвдисæн уыд, Солтаны номарæн изæрмæ цас адæм æрбацыд, уый. Секъинаты Элитæ зæрдæйæ бацархайдта йæ сывæллæтты фыды миддуне æрбацæуджытæм фæхæццæ кæныныл.

Кæд Солтаны сфæлдыстадон цæхæр æнæнхъæлæджы ахуыссыд, уæддæр Паддзахадон дыгурон драмон театрæн цы хæрзты бацыд, цы хъæздыг репертуар ныууагъта, уыдон рох нæ уыдзысты. Йæ бирæвæрсыг репертуарæй бæлвырд кæй фæхъæздыгдæр кодтой национ драматургийы хæзнадон, уый дызæрдыггаг нæу. Йæ кады ном сызгъæрин дамгъæтæй фыст æрцыд нæ Ирыстоны театралон аивады азфысты.

Цъугкити Солтан йæ фæсте ныууагъта йæхи хуызæн хæрзæгъдау, курдиадджын цот. Йæ чызг Вероникæ архайы Дыгурон æмæ Ирон театры, йæ фырт Сæрмæт та ма хъуыды кæны йæ фидæны дæсныайад равзарыныл.

Цард цард у, æмæ райгуырдæй адæймагæн йæ тæрныхыл фыст вæййы йæ хъысмæт. Солтанæн та цы азтæ арвыста йæ уарзон адæмы хсæн, уыдон ын кæд æфтæ бирæ не сты, уæддæр хъæздыг сты æнкъарæнтæй æмæ йæ сконд сурæттæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania