филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:36 воскресенье, 01 февраля 2026
27 мая 2021, 14:34
Мæздæджы районы æвзонг кадеттæн арæзт æрцыд кадджын ардбахæрды мадзал

Æфсæддон бæрæгбон уыд поселок Советскийы, лæгдзинады ордены кавалер Евгений Комзараковы номыл скъолайы

Мæздæджы районы æвзонг кадеттæн арæзт æрцыд кадджын ардбахæрды мадзал. Æфсæддон бæрæгбон уыд поселок Советскийы, лæгдзинады ордены кавалер Евгений Комзараковы номыл скъолайы. Ардбахæрды ныхæстæ ацы бон загъта алы кадет дæр. Уыимæ йе мбæлтты æмæ бирæ уазджыты стæй сæ ныййарджыты раз. Афæдзы дæргъы æвзонг кадеттæ иумæйагахуырадон программæйæ дарддæр зонгæ кодтой æфсæддон цæттæдзинады бындуртимæ. Базыдтой хæцæнгарзы хуызтимæ архайын, æфтыдтой се спортивон цæттæдзинадыл æмæ сæхи фæлвæрдтой алыхуызон ерысты. Ацы бон рæзгæ фæлтæрæн ныстуантæ скодтой æфсæддон службæйы ветерантæ, æхсæнадон организаци «Хæстон æфсымæрады» уæнгтæ, Мæздæджы районы минæвæртты сконды депутаттæ, æмæ æфсæддон комиссарады кусджытæ. Æппæт уазджытæн кадеттæ бацæттæ кодтой цымыдисаг программæ. Рæнхъытæй раст цæугæйæ равдыстой се фсæддон цæттæдзинад, стæй ма автомат сæмбырд кæнын æмæ райхалын куыд зонынц, уый дæр. Мадзалы кæронбæттæн сæ ахуыргæнджытæн, ныййарджытæн æмæ уазджытæн бацæттæ кодтой кадджын марш.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania