филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:13 суббота, 28 сентября 2024
02 июня 2021, 14:13
Доваторы проспекты цæрджытæ аив кæнын райдыдтой сæ алфамбылай территори

Сæ фæндон хорзыл банымадтой сæ сыхаг хæдзары цæрджытæ дæр

Фæстаг афæдз зынгæ аивта дунейы цард. Куыд зонæм, афтæмæй ивддзинæдтæ бахаста пандемия. Уыцы рæстæг пайдаимæ арвитын сфæнд кодтой Доваторы проспекты 33-æм хæдзары цæрджытæ. Бæлвырддæр та аив кæнын райдыдтой сæ алфамбылай территори. Сæ фæндон хорзыл банымадтой сæ сыхаг хæдзары цæрджытæ дæр. Афтæмæй аргъæутты дуне рæзы æмæ кæны парахатдæр. Йемæ базонгæ Фидараты Маринæ.

Афæдзы размæ ам хуымæтæг асин дæр нæ уыди. Ныртæккæ та территорийы аивдзинад цæст рæвдауы. Зын бауырнæн у, фæлæ ивддзинæдтæ бахаста пандемия. Хæдзары цæрджытæ сфæнд кодтой сæ уæгъд рæстæг пайдаимæ рвитын. Арс Умка – у ацы хæдзары кæрты фыццаг скульптурæ. Кæд æмæ йыл фыдгæнджытæ фæтых сты, уæддæр та-иу æй бынæттон цæрджытæ сæхи хъарутæй бацалцæг кодтой. Уый фæстæ ам фæзындысты æндæр цæрæгойтæ æмæ аргъæутты хъайтартæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ алы персонаж дæр конд æрцыд сæхи къухтæй хуымæтæг æрмæгæй.

Ахæм шедевртæ скæнынмæ Еленæйы сразæнгард кодта нывгæнæг-дизайнер Хуыриаты Иринæ. Уый кæддæр куыста Валентин Юдашкинимæ. Йæ фæндон ын хорзыл банымадтой йæ сыхæгтæ дæр, æмæ зæрдиагæй бацархайдтой аивгæнæн мадзæлтты.

Хъæппæрис хорзыл банымадтой сыхаг хæдзары цæрджытæ дæр. Афтæмæй аргъæутты дуне рæзы æмæ кæны парахатдæр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ сæ ферох сæ бацæуæн дæр. Подъезды фенæн ис зындгонд цæсгæмттæ, зæгъæм Мерилин Монро æмæ афтæ дарддæр. Ацы аивдзинадмæ кæсгæйæ, зæрдæйы ахаст кæны хъæлдзæгдæр æмæ рæсугъддæр. Бирæтæн ацы территори сси æцæг фæлладуадзæн бынат. Фæлæ ууыл бынæттон цæрджытæ æрлæууынмæ нæ хъавынц, æмæ сæ зæрдæ дарынц дарддæры аивгæнæн куыстытæн сын кæй баххуыс кæндзысты, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania