филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:14 суббота, 28 сентября 2024
02 июня 2021, 14:14
Æмгуыстаты нæмгуытæй сæвзæрынц хорз хъуыддæгтæ

Афтæ Белгороды Уæрæсейы фысджыты цæдис цы мадзал сарæзта, уый фæрцы ма иу хатт, се ппæты зæрдыл æрлæууын кодтой Ирыстоны сахъгуырд Дзгъойты Федоры хъæбатырдзиндттæ

Æмгуыстаты нæмгуытæй сæвзæрынц хорз хъуыддæгтæ. Афтæ Белгороды Уæрæсейы фысджыты цæдис цы мадзал сарæзта, уый фæрцы ма иу хатт, се ппæты зæрдыл æрлæууын кодтой Ирыстоны сахъгуырд Дзгъойты Федоры хъæбатырдзиндттæ. Уæвгæ мадзалы чи уыд, уыдонимæ фембæлд Сосранты Жаннæ æмæ нæм фæхæццæ кæндзæн сæ хъуыдытæ.

Цæгат Ирыстоны делегаци, йæ сæргъы журнал «Ирæф»-ы сæйраг редактор Скъодтаты Эльбрус, афтæмæй бабæрæг кодта Белгороды цы «Литературон-патриотон фестиваль «Прохоровские чтения»-2021» рацыд, уый. Арæзт æрцыд Уæрæсейы фысджыты цæдисы æмæ Белгороды хайады уæнгты фæрцы.

Нæ делегецимæ хаст æрцыдысты рауагъдад «Ир»-ы редакторы хæдивæг Тъехты Тамерлан, Республикæйы Ветеранты Советы сæрдары хæдивæг Вилли Курбанов æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыр Дзгойты Федоры æфсымæры фырт Дзгойты Алан. Делегаци канд литературон кæстыты нæ архайдта, фæлæ ма ссардтой Дзгойты Федоры рухс ном. Кæцы хæсты рæстæг знаджы ныхмæ хæцыд ацы зæххыл.

Зæгъын хъæуы уый, æмы фарон Белгороды фысджыты цæдисы уæнгтæ Ирыстонмæ кæй сластой Прохоровскы зæххимæ капсулæ. Ныр та сæ Ирыстоны минæвæрттæ фæхайджын кодтой Елхоты зæххæй, уым ныгæд æрцыд Белгородæй æртæ хæстоны.

Афтæмæй Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдис дарддæр фидар кæны Уæрæсейы регионтимæ æмгуыстад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania