филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:16 суббота, 28 сентября 2024
03 июня 2021, 13:53
Активон фæлладуадзæн рæстæг хъуамæ уа æдас

Уый тыххæй республикæйы цæрджытæн радзурынц æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ

Активон фæлладуадзæн рæстæг хъуамæ уа æдас. Уый тыххæй республикæйы цæрджытæн радзурынц æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ. Ацы хатт инструктаж арæзт æрцыд Джызæлы парчы. Ирвæзынгæнджытæ равдыстой, хъæды хи куыд дарын хъæуы, стæй æнæнхъæлæджы цауты рæстæг адæймагæн куыд баххуыс кæнæн ис, уый. Пайда мадзалы тыххæй бæстондæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Бæндæнтæй парк – экстремалон фæлладуадзынæн нæу. Хъæды атезгъо кæнын кæй фæнды, уыдонæн 20 метры бæрзæндыл хорз фæрæз фæдзæхстады кусæнгæрзтæ. Раст сæ куыд пайда кæнын хъæуы, цæмæй адæймаг цæфтæ ма райса, уый тыххæй специалисттæ дзурынц дæргъвæтин инструктажы рæстæг.

Ам бæлæсты бын волонтертæ-ирвæзынгæнджытæ дзурынц, сæрдыгонд фæлладуадзæн рæстæг йæхи чи ныццавта, ахæм адæмæн баххуыс кæныны мадзæлттыл. Адæмæн бацамыдтой, фыццаг æххуыс бакæнын раст куыд бакæнын хъæуы, уый, цæф бабæттын, туг бауромын, мыййаг дзы исты куы асæтта, уæд æй хæстæгдæр медицинон пунктмæ æдасæй бахæццæ кæнын.

Хъæды гыццыл арфдæр куы бацæуай, уæд дзы нырыккон цардæн йæ кой дæр нæй. Адæймагæн дзы æнцонтæй йæ бон у фæдзæгъæл уæвын, уымæ гæсгæ, фæсивæдæн ам кæнынц сæрмагонд экскурситæ æмæ сæ зонгæ кæнынц бынæттимæ. Хъæды тæссаг уавæртæ арæх сæвзæрынц. Æмæ дзы хи хъахъхъæнын зонын у ахсджиаг хъуыддаг. Сæйраг закъæттæ куы зонай, уæд хъæддаг æрдзы адæймаг йæхи бахиздзæн æнæнхъæлæджы тæссаг уавæртæй. Уæвгæ сæрдыгон сезон нымад у æппæты тæссагдæрыл. Иууылдæр сæ фæллад суадзынмæ тырнынц хæхтæм, хъæдтæм æмæ суадæттæм. Æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæ ацы рæстæг сæхиуыл фенкъарынц уæлдай бæрнондзинад. Уымæ гæсгæ, сæм сæвзæрд акци «Æдас каникултæ» саразыны хъуыды. Адæм цас фылдæр зоной, уыйас сæ æххуысмæ дзурын хъæудзæн къаддæр.

Акци ацы хатт сарæзтой парчы, иннæ хатт та йæ фæнд кæнынц доны объектты скæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania