филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:13 суббота, 28 сентября 2024
04 июня 2021, 09:57
Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты архайæг Гегкиты Омар райста арфæтæ йæ 95 азы юбилейы фæды

Йæ фæллойадон фæндаг у хъæздыг цымыдисаг цаутæй

Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты архайæг Гегкиты Омар райста арфæтæ йæ 95 азы юбилейы фæдыл. Йæ фæллойадон фæндаг у хъæздыг цымыдисаг цаутæй. Куыд æппæт хæсты сывæллæттæн, афтæ Омарæн дæр æвзаргæ рауад бирæ зындзинæдтæ, абоны райдзаст цардмæ фæндаг аразгæйæ. Уыимæ, уыцы уæззау рæстæг ын архайгæ рауад фронты фæсчъылдымы.

Гегкийы-фыртæн раарфæ кæнынмæ рбацыд Дзæуджыхъæуы Рахизфарсы районы ветеранты советы сæрдар Сабеты Валерий. Уый йын Цæгат Ирыстоны Парламенты сæрдар Алексей Мачневы номæй радта кады гæххæт æмæ зæрдылдарæн лæвар.  Гегкиты Омары ныхæстæм гæсгæ, адæймагæн сæйрагдæр у æрхъуыдыдзинад. Кадджын хистæр разы у йæ абоны цардæй. Йæ зæрдæ рухс кæны йæ кæстæрты хорздзинæдтæй, уымæй хуыздæр та нæ хъæуы, йæ цард фæлтæрты рухс цардæн чи лæвар кæны, уыцы адæймаджы, – зæгъы Гегкиты Омар.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania