08 июня 2021, 14:22
Италийы город Роверетойы байгом кодтой парк «Дети Беслана»
Ссардтой дзы Бесланы скъолайы уæззау цауы бахауджыты нæмттæ
Италийы город Роверетойы байгом кодтой парк «Дети Беслана». Ссардтой дзы Бесланы скъолайы уæззау цауы бахауджыты нæмттæ. Йæ байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой бынæттон Хицауады уæнгтæ æмæ уæрæсейаг дипломаттæ. Йæ саразыны хъуыды фæзынд æхсæнадон хæрзаудæн организацийы президент «Помогите нам спасти детей» Эннио Бордатомæ. Уый у фæсарæйнаг фыццаг æхсæнæдтæй иу, 2004-æм азы терракты фæстæ йе ххуысы хаимæ чи æрбацыд Ирыстонмæ. Эннио Бордато та у Беслæны кадджын гражданин. Роверето, Бордато хоны хæлардзинады горæт. Йæ ассоциаци дарддæр æххуыс кæны фæкæсынхъуаг сабитæн канд Уæрæсейы нæ, фæлæ ма скæсæн Украинæйы дæр.