филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:15 суббота, 28 сентября 2024
09 июня 2021, 13:51
Мидхъуыддæгты министрад сиды шофыртæм, цæмæй ма халой фæндаггон уагæвæрдтæ, уыимæ хъуыды кæной уазджыты цæстæнгасыл дæр

Министрады бæрæггæнтæм гæсгæ, фæстаг рæстæг фылдæр сты æхсæвыгон фæндæгтыл, куыд æмбæлы уымæй тагъддæр чи скъары уыдон

Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрад сиды шофыртæм, цæмæй ма халой фæндаггон уагæвæрдтæ, уыимæ хъуыды кæной республикæйы уазджыты цæстæнгасыл дæр. Министрады бæрæггæнтæм гæсгæ, фæстаг рæстæг фылдæр сты æхсæвыгон фæндæгтыл, куыд æмбæлы уымæй тагъддæр чи скъары уыдон. Хатгæй Дзæуджыхъæуы уынгты саразынц дугъ. Цæгат Ирыстоны Паддзахадон автомобилон инспекцийы кусджыты ныхæстæм гæсгæ, æрвылбон бауромынц ахæм фæндаггон уагæвæрдтæ халджыты. Сæрмагонд домæнтæм гæсгæ , хæдтулгæйы уынæр хъуамæ 96 децибелæй фылдæр ма уа. Уыцы бæрæггæнæн фылдæр кæныныл цы шофыртæ архайа, уыдоныл та арæзт цæудзæн административон протокол.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania