филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:17 суббота, 28 сентября 2024
09 июня 2021, 14:11
Сæ профессионалон бæрæгбон сбæрæг кодтой социалон кусджытæ

Цæгат Ирыстоны ныртæккæ ис 3000 социалон кусæгæй фылдæр

Сæ профессионалон бæрæгбон сбæрæг кодтой социалон кусджытæ. Зын, фæлæ ахсджиаг дæсныйад Уæрæсейы фæзынд 320 азы размæ. Йæ саразыны уынаффæ уæд бафыста Петр Фыццаг. Бирæ ивддзинæдтæ æрцыд службæйы уæдæй нырмæ, фæлæ кæддæриддæр æххæст кодта ахсджиаг хæстæ. Цæгат Ирыстоны ныртæккæ ис 3000 социалон кусæгæй фылдæр. Кæуыл аудынц, уыдон сæ нымайынц сæхи бинонтыл. Уымæн æмæ сын кæнынц зæрдиаг æххуыс, æмæ сын хатгай балæвар кæнынц сæ зæрдæйы хъарм. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Мæргъиты Уарзетæйы Комсомольскæйы хъæуы се ппæт дæр зонынц. 30 азы онг кусы социалон службæйы. Уыцы-иу рæстæг æппынæдзухдæр ауды 7 адæймагыл, фæлæ йæм æххуысагур чидæриддæр æрбацæуы, уыдонæн, æнæмæнг, балæвар кæны йæ зæрдæйы хъарм. Йæ кусгæ бон Уарзетæйæн райдайы райсомы 9 сахатыл. Балхæны хойраджы продукттæ, медицинон препараттæ, бадæтты сæ фæкæсынхъуаг адæммæ. Уымæй дарддæр ма ацæргæ адæмæн баххуыс кæны вакцинацийы пунктмæ бахæццæ уæвынмæ. Уарзетæ у æргом æмæ зæрдæхæлар адæймаг. Фæлæ цалдæр азы размæ йæхи бахъуыди æххуыс. Йæ нуæрттæ риссын кæй райдыдтой, уымæ гæсгæ йæ бон куыстмæ цæуын нал уыдис. Фæлæ та ам дæр Уарзетæ йæ къухтæ не руагъта. Бæлвырддæр та афтæ. 2018-æм азы йæ арвыстой денджызмæ. Уым федта æртæцалхон электрон трицикл, æмæ æвæстиатæй сфæнд кодта йæхицæн ахæм транспорты хуыз самал кæнын.

Æртæцалхон транспорт æппæт фарстатæ дæр алыг кодта. Уарзетæйæн йæ бон сси йæ куыст дарддæр ахæццæ кæнын. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ æххуыс кæны хуымæтæг æнæзонгæ адæмæн дæр. Дзул, нæлхæ, сæкæр æмæ хостæ. Кæддæриддæр йемæ вæййы аптечкæ дæр, цæмæй бахъуаджы сахат йе ххуысы къух бадара, уый тыххæй.

Фæлмæн æмæ хæлар зæрдæ кæмæн уа, æрмæстдæр ахæм адæймагæн йæ бон у социалон кусæг уæвын, зæгъы Уарзетæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ – хуыздæр миниуджытæй хъуамæ æххæст уай сабибонтæй фæстæмæ. Уæд дæ адæм сæхæдæг сæхимæ лвасдзысты, æмæ дын дæ аудындзинæдæн лæвар кæндзысты æнæхин зæрдæйы ахаст. Афтæмæй йын бирæтæ систы хи бинонтау.

Ам Мæргъиты Уарзетæ йæ трициклыл ис æнæмæлгæ полчы сæргъы. Ацы кадрты та фæлтæрдджын социалон кусæг йæ уазджытæн цæттæ кæны ирон чъиритæ. Бинойнаг, мад, нана æмæ хорз æмбал. Æнæхъæн хъæуæн дæр у ныфсы хос. Цыфæнды куы рцæуа, уæддæр æй зонынц – Уарзетæ уыдзæн сæ фарсмæ, æрмæст æй фехъусæд – де ххуыс хъæуы, зæгъгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania