филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:17 суббота, 28 сентября 2024
10 июня 2021, 13:56
«Дзæуджыхъæу – æфсæддон намысы горæт»-ы зæрдылдарæн майданæй хорзæхджынгонд æрцæудзысты Цæгат Ирыстоны 7 адæймаджы

Сæрмагонд къамис сæ хыгъд сфидар кодта иумæйаг уынаффæйæ

«Дзæуджыхъæу – æфсæддон намысы горæт»-ы зæрдылдарæн майданæй хорзæхджынгонд æрцæудзысты Цæгат Ирыстоны 7 адæймаджы. Сæрмагонд къамис сæ хыгъд сфидар кодта иумæйаг уынаффæйæ. Хыгъдмæ хаст æрцыдысты, 50 азы стажимæ педагог Алла Шестакова, республикæйы тæрхондæтты пъырыстыфты федералон службæйы Управленийы разамонæг Къесаонты Игорь. Муниципалон сконды уæлдæр хæрзиуæджы аккаг суыдзысты хæстон цауты ветерантæ Теблойты Михаил, Бестауты Харитон, Анатолий Сазонов æмæ Артур Бадалян. Зæрдылдарæн майдан «Дзæуджыхъæу – æфсæддон намысы горæт»-æн нырма стыр æмæ хъæздыг истори нæй. Снысан æй кодтой Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды минæвæртты уынаффæмæ гæсгæ 11-æм июны 2013-æм азы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania