филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:13 суббота, 28 сентября 2024
15 июня 2021, 14:28
Герцены уынджы сывæллæтты ирхæфсæн фæз у æркæсинаг

Куыстытæ конд æрцыдысты, аивдзинады муниципалон программæ æххæст кæнгæйæ

Сæрдыгон лагеры баулæфыны фадат кæмæн нæй, уыцы сывæллæттæн дæр сæ фæллад уадзынæн хъуамæ уой æмбæлгæ уавæртæ. Зæгъæм бирæ кæртыты арæзт æрцыдысты ирхæфсæн æмæ спортивон фæзтæ. Сæ фылдæр сты зæрдæмæдзæугæ. Фæлæ ис æндæр дæнцæгтæ дæр. Дзæуджыхъæуы Герцены уынджы бирæфатерон хæдзары кæрты ахæм фæз сарæзтой 4 азы размæ. Æмæ алцыдæр хорз, фæлæ бынæттон цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ кæронмæ конд не рцыд. Цæмæн афтæ, уый тыххæй радзурдзæн Сокаты Фатимæ.

Алыхуызон ирд хъеллаугæнæнтæ, къуыбыр æмæ карусельтæ. Ауылты чи цæуы, уыдонмæ афтæ фæкæсдзæн, æмæ ам æрæджы цы сывæллæтты ирхæфсæн фæз сарæзтой, уый иннæтæй ницæмæй хицæн кæны. Фæлæ бынæттон цæрджытæн ныр 4 азы ацы фæз у сæ тæссагдæр æмæ фарстайаг объекттæй иу. Уымæн æмæ хистæртæ тынг тæрсынц сæ сывæллæтты æнæниздзинадæн.

Ам нæй бордюртæ, уыимæ алы ран бæлæстæ сагъд. Уыдон та хъыгдарынц сывæллæтты хъæзын. Уымæй дарддæр – иннæ фарста. Йæ уæлцъар. Хуымæтæг бетонæй дæр æмбæрзт нæу. Резиннæ уæлцъары кой нал кæндзыстæм. Гыццыл куы рауары, уæд дзы цъыфæй ацæуæн нал вæййы. Æппæт ацы хъуыддæгтæ хынцгæйæ, зæгъæн ис, æмæ сывæллæтты ирхæфсæн фæз кæронмæ конд не рцыд, зæгъынц бынæттон цæрджытæ.

Хъеллаугæнæнтæ ам сæвæрдтой 2017-æм азы. Куыстытæ конд æрцыдысты, аивдзинады муниципалон программæ æххæст кæнгæйæ. Адæм æнхъæлмæ кастысты, кусджытæ сæ хæстæ кæронмæ кæй сæххæст кæндзысты, уымæ. Фæлæ никуы æмæ ницы.
Дзæуджыхъæуы администрацийы цъæх фæлысты æмæ аивдзинады управленийы минæвæрттæ сæвзæрд уавæры тыххæй зæгъынц, ома муниципалон программæйы æппæт хæстæ дæр сæххæст кодтой, иннæ хъуыддæгтæ йæм хаст не рцыдысты. Сывæллæтты ирхæфсæн фæзы уавæрмæ æркастысты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг регионалон хайады.

Ацы аз партион проект «Городская Среда»-мæ ацы фæз хаст нал æрцæудзæн, фæлæ йæ хъысмæты тыххæй куыддæр исты уынаффæ рахæссой, афтæ йæ æнæмæнг фехъусын кæндзысты бирæфатерон хæдзары цæрджытæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania