филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:16 суббота, 28 сентября 2024
17 июня 2021, 16:49
Хъырымы цæрджытæ уазæгуаты ссыдысты Цæгат Ирыстонмæ

Машинæтыл дугъ кæнгæйæ, ссардтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ

Хъырымы цæрджытæ уазæгуаты ссыдысты Цæгат Ирыстонмæ. Машинæтыл дугъ кæнгæйæ, ссардтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ. Уазджытæн æгасцуай загътой Æппæтуæрæсеон регионалон организаци «Хæстон æфсымæрады» активисттæ. Агурæн отряды разамонæг МахмадИ ДаулЕтов радзырдта, Мæздæджы районы Теркаг хохы рагъыл цы æркъæхтытæ цæуынц, уыдоны тыххæй. Владимир Гречаный се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, Мæздæджы æмæ Малгобекы цы хъахъхъæнæн операци цыди, уый историон нысаниуæджы тыххæй. Уазджытæ ма Мæздæджы зæронд уæлмæрдты дидинджытæ сæвæрдтой, Хъырымы цæрджыты нæмттæ фыст кæм æрцыдысты, уыцы цыртдзæвæныл. Уыдон хъахъхъæдтой горæтмæ бацæуæнтæ æмæ ныгæд æрцыдысты æфсымæрон ингæны. Фæстæдæр Хъырымæй уазджытæ радтой концерт районы культурæйы галуаны. Ахæм фембæлдтытæ хорз фадат дæттынц рæзгæ фæлтæры æфсæддон-патриотон хъомыладыл куыстæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania