филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:21 пятница, 22 ноября 2024
23 июня 2021, 12:08
Дзæуджыхъæуы ацыди республикæйы æхсæнадон архайæг æмæ зындгонд политик Таболты Солтанбеджы номарæн бон

Намысы Аллейæйы йæ цыртдзæвæны цурмæ æрбацыдысты йæ хиуæттæ æмæ зонгæтæ, сæвæрдтой дзы дидинджытæ

Дзæуджыхъæуы ацыди республикæйы æхсæнадон архайæг æмæ зындгонд политик Таболты Солтанбеджы номарæн бон. Намысы Аллейæйы йæ цыртдзæвæны цурмæ æрбацыдысты йæ хиуæттæ æмæ зонгæтæ, сæвæрдтой дзы дидинджытæ. Уый фæстæ æмбырд уыди Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты. Ам сæмбырд сты Солтанбеджы хæлæрттæ, чи йæ зыдта æмæ йын йæ куыстæн стыр аргъ чи кодта, уыцы адæм.

Йæ цард уыди цыбыр, фæлæ тынг мидисджын æмæ ахадгæ. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны историмæ Таболты Солтанбег бахаста æгæрон æвæрæн. Йæ цардвæндаг райдыдта хуымæтæг кусæгæй, уыди коммунистон партийы горæты комитеты секретарь, уый фæстæ та республикон комитеты секретарь. Йæ рæстæджы Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институт сси ног наукон хъæппæристы центр. Йе мкусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Солтанбегæн йæ къухы бафтыд йæ ном сæнусон кæнын. Номарæн мадзалы дзырдтой Таболты Солтанбеджы цардæй ист историон цаутыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania