филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 суббота, 28 сентября 2024
24 июня 2021, 13:50
Бирæ рæстæг Сунжæйы хид ис тæссаг уавæры, æмæ дзы бынæттон адæм тыхсынц

Хид официалон æгъдауæй нымад æрцыд кæлæддзагыл

Сунжæйы хъæуы дыууæ фарсы иу кæны хид. Фæлæ ныр бирæ рæстæг ис тæссаг уавæры, æмæ дзы бынæттон адæм тыхсынц. Хид официалон æгъдауæй нымад æрцыд кæлæддзагыл. Хъуыддагмæ æркæсыны тыххæй Сунжæмæ ацыдысты Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады активисттæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гæджиты Сослан.

Горæтгæрон районы хъæу Сунжæйы цæрджытæ цæттæ сты доны уылты цæуынмæ, ацы хидыл бахизыны бæсты. Æмæ ам канд æвзæр уæлцъары кой нæ цæуы. Уымæн æмæ дзы уæвгæ дæр нæй. Конструкцийы бетон бындуры та бирæ хуынчъытæ.

Фæскадры: Бынæттон цæрджытæ зæгъынц, 90-æм азты ацы хидыл æфсæддон техникæ кæй цыди, уый. Уæдæй фæстæмæ, хидæн цы зиан æрхастой, уый иуварсгонд не рцыд.  Хид иу кæны хъæу æмæ сывæллæтты ирхæфсæн, стæй футболон фæзтæ. Уымæй дарддæр у иунæг фæндаг хъæууонхæдзарадон быдыртæм. Хид аварион кæй у, уый сбæлвырд кодта экспертизæ дæр. Ома йæ эксплуатацигæнæн нæй. Сæрмагонд нысан дæр дзы ис, фæлæ йæ быдырты арендатортæ сæхгæдтой. Уымæн æмæ йæ алфамбылай 5 километры цæугæдоны сæрты æндæр ахизæн нæй. Сунжæйæгтæ зæгъынц – бæлвырд у, хид тæссаг кæй у, уый. Фæлæ йæ цалцæг кæнынмæ ничи хъавы.

Фæскадры: Хъæуы разамынд дæр цæрджытимæ разы у. Районы администрацимæ дæр сæ курдиат бахастой, фæлæ сын уым загътой, фæрæзтæ сæм кæй нæ фаг кæны, уый. Бынаты хиды уавæрмæ æркастысты Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады активисттæ. 

Æхсæнадон кусджыты хъуыдымæ гæсгæ, цыбыр æмгъуыдмæ хъæуы, объект кæй бæрны ис, уыдонæй проектон-сметон документаци саразын бадомын.  Уымæй дарддæр фæндаггон картæйыл бакусын, цæмæй Сунжæйы хид профилон федералон программæмæ хаст æрцæуа, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania