филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:18 суббота, 28 сентября 2024
24 июня 2021, 14:08
Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты архайæг Нигкоты Беза, гæнæн ис, æмæ хаст æрцæуа Уæрæсейы Рекордты чиныгмæ

Йæ хъæбатырдзинадæн æмбæл нæй историйы

Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты архайæг Нигкоты Беза, гæнæн ис, æмæ хаст æрцæуа Уæрæсейы Рекордты чиныгмæ. Йæ хъæбатырдзинадæн æмбæл нæй историйы. Бацахста, 140 хæдтæхæджы кæм уыд, уыцы знаджы аэродром. Ахæм историон цау чиныджы ныммыхуыр кæнынмæ цæттæгæнæн куыстыты тыххæй базондзыстут нæ дарддæры æрмæгæй. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Нигкоты Безайы хъæбатырдзинæдты хабæрттæ стыр бынат ахсынц сæ бинонты азфысты. Йæ кæстæртæн тынг зынаргъ сты сæ хистæримæ баст æппæт хъуыддæгтæ дæр. Йæ майдантæ, къамтыл аудынц стыр хæзнайау. Йæ хæстон фæндæгты хабæрттæ та йын, сæ алкæцы дæр зоны æмдзæвгæйау.

Уæлдай тынгдæр уарзынц хъусын, Беза немыцаг аэродром куыд райста, уый истори. Уый уыди Сырх Æфсæдтæ Венгрийы территорийы куы хæцыдысты, 1944-æм азы  октябры, уыд. Уæд сын хистæр лейтенант разамындæй бантыст знаджы аэродром бацахсын æмæ йæ бауромын сæйраг æфсæдты æрбацыдмæ.

Нигкоты Безайы уыцы хъæбатырдзинад, 77  азы фæстæ, гæнæн ис, æмæ  хаст æрцæуа Уæрæсей Рекордты чиныгмæ.  Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм дыккаг цау кæй нæ уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты историйы.

Нигкоты Темырхъаны фырт Беза райгуырд  хохаг хъæу Махческы. Хæстмæ ацыд йе фсымæримæ, барвæндонæй.  Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд Беза йе фсæддон хæс æххæст кодта Фæскавказы.

Фæскадры: Уæлахизы боныл  Нигкойты Беза сæмбæлд   Чехословакийы. Хæстæй сыздæхт  капитанæй.

Йæ чызг Ларисæйы ныхæстæм гæсæгæ, йæ фыд уыд зæрдæхæлар, цæстуарзон адæймаг.  Æдзухдæр цæттæ уыд, адæмæн баххуыс кæнынмæ.  Куыд фæзæгъынц, адæймаджы сгуыхтдзинæдтæ æмæ йæ ном цæрынц, цалынмæ йæ адæм хъуыды кæной, уæдмæ. Нигкоты Безайы рекорд та хæстæгдæр рæстæг, хъуамæ  хаст  æрцæуа  Уæрæсейы рекодты чиныгмæ. Уымæй фидæны фæлтæртæм хæццæ кæндзысты, ирыстойнаг салдат  Нигкоты Безайы хæстон хъæбатырдзинæдтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania