филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:18 суббота, 28 сентября 2024
25 июня 2021, 11:45
80 аздзыдæй йæ цардæй ахицæн Ирыстоны Адæмон поэт Ходы Камал

Критик, драматург, тæлмацгæнæг, публицист, Къостайы номыл æмæ «Нарты фæткъуы»-йы национ премиты лауреат, Цæгат Ирыстоны гимны автор

80 аздзыдæй йæ цардæй ахицæн Ирыстоны Адæмон поэт Ходы Камал. Критик, драматург, тæлмацгæнæг, публицист, Къостайы номыл æмæ «Нарты фæткъуы»-йы национ премиты лауреат, Цæгат Ирыстоны гимны автор. Камал бирæ бæрнон куысты бынæтты фæкуыста. Уыди Цæгат Ирыстоны телестудийы хистæр редактор, рауагъдад «Ир»-ы сæйраг редактор. Разамынд лæвæрдта Ирон академион театрæн, æмæ фысджыты цæдисæн. Алы ран дæр адæмы зæрдæты ныууагъта ирд æмæ ахадгæ фæд. Йæ цард æмæ сфæлдыстадыл афæлгæст Фидараты Маринæ.

Æппынæдзухдæр цардæн йæ астæу чи уыди, адæмы хсæн, адæмы бæллицтæ æмæ адæмы хъæрзын чи хъуыста, ахæм поэт. Ходы Камал фæллойгæнæг дзыллæты зæрдæтæ æлхæдта йе нæхин æмæ хæлар ахастæй, стæй йæ ирд аив уацмыстæй. Æцæг адæмон фыссæг. Æмæ йын ирон адæм дæр скодтой стыр аргъ.

Ходы Камал бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста. Уыд ирон театры директор. Хетæгкаты Къостайы номыл æмæ Нарты фæткъуыйы премиты лауреат. 30 азы та уыд нæ республикæйы фысджыты цæдисы сæрдар. Уæвгæ та Камалы стъалы ссыгъди 70-йæм азты, Горькийы номыл литературон институт каст куы фæци, уæд. Уый размæ та уыдысты йæ сабидуджы азтæ. Хъомыл кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. Уæд баззад æнæ фыдæй. Æмæ советон адæм цы зындзинæдтæ федтой, уыдон ирдæй æвдыста йе сфæлдыстады. Кад æмæ радимæ касти йæ уарзон Ирыстоны фидæнмæ. Камал у паддзахадон гимны автор. Дзурæг дзы у нæ ивгъуыды æмæ фидæны бастдзинадыл. Йе мкусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Ходы Камал кæддæриддæр йæ ныхасæн уыд хицау. Уыимæ йе сконд хъуыддæгтæ дæр уымæн æвдисæн. Æппынæдзухдæр æххуыс кодта æрыгон курдиатджын автортæн.

Йе сфæлдыстады Камалæн хицæн бынат уыд тæлмацгонд уацмыстæн. Йæ фæрцы иронау сдзырдтой Бокаччойы, Гейнейы, Лопе де Вегайы, Островскийы æмæ ма дæсгай авторты хъайтартæ. Чиныгкæсджытæ йæ бахъуыды кæндзысты куыд ирон литературæйы ахсджиагдæр фарстаты фæдыл литературон-критикон уацты авторæй. Ходы Камалы цардвæндаг фæци. Цыди йыл 80 азы…

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania