филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:18 суббота, 28 сентября 2024
06 июля 2021, 12:13
Мæздæджы кад кодтой æфсæддон быцæуты ветерантæн

Митинджы архайдтой æхсæнадон организациты æмæ бынæттон хицаудзинады минæвæрттæ, æфсæддон-интернационалисттæ, сæ бинонтæ æмæ се мкусджытæ

Мæздæджы Афгайнаг-æфсæддонты скверы кад кодтой æфсæддон быцæуты ветерантæн. Митинджы архайдтой æхсæнадон организациты æмæ бынæттон хицаудзинады минæвæрттæ, æфсæддон-интернационалисттæ, сæ бинонтæ æмæ се мкусджытæ. Чи фæмарди, уыцы æфсæддонты ном æрымысыдысты, минут æдзæмæй алæугæйæ. «Мы помним» майданæй хорзæхгонд æрцыдысты æфсæддон къорд «Поиск»-ы æрыгон уæнгтæ. Командæйы хыгъды сты алы кары æмæ дæсныйæдты минæвæрттæ. Фæлæ сæ иу кæны иу хæс – æппæт хæстыты æмæ ныхмæлæуддзинæдты чи фæмарди, уыдоны ном фæлтæрæй-фæлтæрмæ дæттын. Митинджы кæронбæттæн мемориалон комплексы цыртдзæвæнты цур сæвæрдтой дидинджытæ. Мадзал баст уыди, хæстон быцæуты чи фæмарди, уыдоны номыл хъыджы бонимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania