филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 28 сентября 2024
07 июля 2021, 12:48
Царды ног домæнтимæ æмдзугæнæг мыхуыры фæрæз «Ногдзау» рæзы æмæ кæны цымыдисагдæр

Ирыстоны сывæллæттæн мадæлон æвзагыл цæуæг иунæг журнал бонæй бонмæ хæстæгдæр кæны йæ уарзон кæсæгмæ

Царды ног домæнтимæ æмдзугæнæг мыхуыры фæрæз «Ногдзау» рæзы æмæ кæны цымыдисагдæр. Ирыстоны сывæллæттæн мадæлон æвзагыл цæуæг иунæг журнал бонæй бонмæ хæстæгдæр кæны йæ уарзон кæсæгмæ. Йæхи уарзын кæны йæ мидисджын æмæ ирд æрмæджытæй æмæ фæлыстæй. Уæвгæ фехъусынæй фенын хуыздæр у, ног сæйраг редактор Сæлбиты Дианæ æмæ журнал кæсджытимæ фембæлд Сосранты Жаннæ æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Сабийæ райдайы мадæлон æвзаг æмæ æгъдæуттæм уарзондзинад, æнувыддзинад. Ацы хъуыдыйыл хæст у журнал «Ногдзау»-ы коллпектив. Царды ногдзинæдтимæ æмдзугæнгæйæ сæ хæццæ кæны сабитæм, уыимæ сæхи æххуысæй.

Журналы фыццаг номыр мыхуыры рацыд 1937 азы. Уæдæй нырмæ бирæ ивддзинæдтæн разынд фæразон, фæлæ йæ сæйраг нысан – сабитæн цымыдисаг уæвын, нæ сафы. Уыимæ йæм зæрдиагæй фенхъæлмæ кæсынц ныййарджытæ дæр.

Ныртæккæ Земæйы æмгæрттæй иронау, йæ хуызæн хорз чи дзуры, ахæмтæ стæм сты. Æмæ йын æхцондзинад хæссы, «Ногдзау»-ы фæрцы сывæллæтты сфæлдыстадимæ кæй зонгæ кæны, уый.

Земæ ирон æвзаг зæрдæйæ уарзы æмæ фæархайы йемæ баст конкурсты. Радон уыд, «Ногдзау» кæй сарæзта, уый.

Цæмæй сабитæн ахæм мадзæлттæ арæзт цæуа, ууыл канд журналы коллектив нæ хъуыды кæны, фæлæ сæ кæсджытæ æмæ фарсхæцджытæ.

Абоны царды хи хъарутæй ногдзинæдттæ аразын æнцон нæу, уыцы фарста лыг кæнынæн журналы фарсмæ лæууы мыхуыры комитет.

«Ногдзау»-ы бакæсæн ис æрмæджытæ куыд иронау , афтæ дыгуронау дæр., уыимæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй.  Баффиппаинаг у уый дæр, æмæ фæстаг азты Ирыстоны сывæллæттæн иунæг журнал «Ногдзау» дисы кæй æфтауы йæ кæсæджы йæ аив фæлыстæй. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ йæ коллектив зæрдиагæй кæй хъуыды кæны сабийы зондахастыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania