филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 28 сентября 2024
08 июля 2021, 13:26
Æрæфы районы хуыйæн фабрикæ куы фæзынд, ууыл æнусы æрдæгмæ хæстæг цæуы

Æмæ уæдæй фæстæмæ бирæ цæлхдурты сæрты ахызт

Æрæфы районы хуыйæн фабрикæ куы фæзынд, ууыл æнусы æрдæгмæ хæстæг цæуы. Æмæ уæдæй фæстæмæ бирæ цæлхдурты сæрты ахызт. Фæстаг азты йæ архайд кæны парахатдæр. Йæ продукци нæ бæстæйы хъуыстгонд у йæ хæрзхъæддзинадæй. Фабрикæйы директор Таухъазахты Ирбег ын разамынд дæтты 20 азмæ хæстæг. Ныр йе нæзæрдæхудт фæллойы тыххæй хорзæхгонд æрцыд УФ-йы промышленносты æмæ базарады министрады кады гæххæттæй.  Бæстондæр фабрикæйы куыстыл афæлгæст Сосранты Жаннæ.   

Дзоблаты Заремæ Æрæфы районы фабрикæмæ куыстмæ цæуы Дигорайæ. Куыд зæгъы, афтæмæй дзы  цы 10 азы ис, уыдоныл никуы фæфæсмон кодта. Коллектив, стæй йæ сæргълæууæг Таухъазахты Ирбег адæймагæн сты ныфс æмæ рæстæг згъоры кусгæйæ зæрдрухсæй. 

Фабрикæ Цыколайы  гом æрцыд   1972 азы. Уæд дзы  кодтой гауызтæ, уый фæстæ иу æмæ дыууæ хатты нæ раивта йæ куысты нысан, фæлæ йæ архайд та никуы баурæдта.  Пандемияйы рæстæг дæр та йæ архайд адæмы бахъуыд. Ам  хуыдтой маскæтæ æмæ дохтыртæн сæрмагонд уæлæдарæс.

Уæвгæ, Ирбег фабрикæйы сæргъы куы æрлæууыд, уæдæй фæстæмæ йæ фæцудын нæ бауагъта. Йе рвылбоны куыст къаддæр нæ кæны, фæлæ фылдæр. Йæ зæрдиаг архайдыл ын сæ цæст æрæвæрдтой нæ бæстæйы промышленносты æмæ базарады министрады, æмæ йын сакааг кодтой кады гæххæт

Æрæфы районы ацы хуыйæн фабрикæйы хуызæн куыстуæттæ стæм сты.  Таухъазахты  Ирбег уый æмбары æмæ коллективæн аразы фадæттæ æмæ гæнæнтæ хæрзхъæд продукци уадзынæн.

Ирбег йæ уды рæсугъд æнкъарæнты фæрцы йæхи уарзын кæны æппæт адæмæн дæр. У, йæ ныхасæн лæг у кæмæй фæзæгъынц, ахæм. Уымæ гæсгæ фабрикæйы иу æвзаг арынц куыд фæлтæрдджын кусджытæ, афтæ æрыгæттæ дæр. Ирбег куыд зæгъы, афтæмæй нырттæккæ курдиатджын фæсивæдæн фылдæр гæнæнтæ ис, æрмæстдæр сæ хъæуы иу гыццыл быхсын.  Æрæфы районы фабрикæйы куысты фæрцы сæ бинонтæ дарын æнтысы дзæвгар адæмæн. Сæ мызд æмæ уавæртæ, куыд федтам, афтæмæй сты зæрдæмæдзæугæ. Хуыздæр хорз та ма цы хъæуы адæймаджы – дæ хæдзарæй куыстмæ зæрдæхъæлдзæгй куы цæуай, уæд. Куыстуаты коллектив нын куыд бамбарын кодта, афтæмæй уый та у сæ сæргълæууæг Таухъазахты Ирбеджы фæрцы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania