филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 28 сентября 2024
13 июля 2021, 12:36
Æрдзон газ лæвар бауадздзысты зæххы хæйттæм

Уый тыххæй хъæуы æрмæстдæр курдиат бадæттын

Æрдзон газ лæвар бауадздзысты зæххы хæйттæм. Уый тыххæй хъæуы æрмæстдæр курдиат бадæттын. Цæмæй ацы куыст æнцондæрæй ацæуа, уый тыххæй республикæйы районты кусын райдыдтой мобилон пункттæ. Сæ саразыныл иумæ бакуыстой Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрад, стæй профилон куыстуат Газпром. Куыстытæ цæуынц нæ бæстæйы Президенты Указмæ гæсгæ. Баст у регионты газификациимæ. Фыццаг курдиæттæ нæ республикæйы куыд исынц, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Хæдзар рагон пецæй хъарм кæнын, æмæ хæринаг, газы баллонæй пайда кæнгæйæ, цæттæ кæнын Гаглойты Владимирæн сты йе рвылбоны хъуыддæгтæ. Афтæ цæры фæстаг 12 азы. Цæхæрадæтты æмбалад «Хурзæрин»-ы æрцарди 2009-æм азы. Уæд дзы коммуникацитæ уæвгæ дæр нæ уыдысты. Электрон тых æмæ дон цæрджытæ æрбауагътой сæхæдæг. Æрдзон артаг та сæм ныр дæр нæма ис.

Зæгъæм, мæнæ ацы рдыгæй, 11-æм фарс кæй хонынц, уым ис 10 хæдзары, æмæ дзы газ иумæ дæр нæй. Æдæппæтæй та цæхæрадæтты æмбалады ис 2700 участочы. Уыдонæй цæрæн хæдзæртты сты минмæ хæстæг. Æппынæдзухдæр дзы цæры 3000 адæймаджы. Уыдонæй 15%-æн æндæр гæнæн нæй, æмæ сæ бонтæ рвитынц æнæ æрдзон хорзæхæй.

Газы хызæг цæхæрадæтты æмбаладмæ лæвар бауадзыны фадатæй спайда кодтой, ам æппынæдзух чи цæры, уыдон. Куыд зæгъынц, афтæмæй зæххы хæйттæй цæхæрадоны хуызы спайда кодтой, уымæн æмæ дзы коммуникацитæ нæ уыди. Фæлæ дзы ныр газ куы фæзынди, уæд дзы фæнд кæнынц хæдзæрттæ скæнын дæр.

Курдиæттæ исыны мобилон пункттæ бацæттæ кодтой республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад æмæ компани «Газпром межрегионгаз Владикавказ». Уымæй цæрджытæн скодтой стыр удæнцойдзинад.

Цæгат Ирыстоны хæххон хъæутæй бирæтæ цух сты æрдзон артагæй, зæгъынц профилон куыстуаты. Бирæ хъæуты дзы газ уæвгæ дæр никуы уыди, уымæ гæсгæ абон сафтид сты. Бæстæйы президенты указ, хъæутæ газæй сифтонг кæныны тыххæй, уыцы иу рæстæг алыг кæндзæн цалдæр фарстайы.

Цæхæрадæтты æмбалад «Хурзæрин»-æй уæлдай ма мобилон пункттæ куыстой Мацутæйы дæр. Хæстæгдæр рæстæг байгом уыдзысты республикæйы иннæ дæрддзæф хъæуты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania