филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:21 суббота, 28 сентября 2024
13 июля 2021, 12:38
Алфамбылай цардмæ кæсы музыкæйы уылты

Александр Иванов бирæ азты размæ равзæрста сфæлдыстад, æмæ йыл никуы фæфæсмон кодта

Алфамбылай цардмæ кæсы музыкæйы уылты. Нæ программæйы дарддæры æрмæджы хъайтар у Александр Иванов. Бирæ азты размæ равзæрста сфæлдыстад, æмæ йыл никуы фæфæсмон кодта. Йæхæдæг фыссы музыкалон уацмыстæ. Уыимæ пайда кæны куырм адæмæн сæрмагонд кусæнгæрзтæй.  Александр кæд нæ уыны, уæддæр фидарæй хизы цæлхдурты сæрты. Суанг ма музыкæ æнкъарын æмæ йæ зæрдæйæ уарзын кæны иннæтæн дæр. Ахуыр ма сæ кæны музыкалон уацмыстæ фыссыныл. Цымыдисаг авторимæ нæ бæстондæр базонгæ кæндзæн Сосранты Жаннæ.

Александр Ивановы дуне дзаг у алыхуызон ахорæнтæй.  Куырм уæвгæйæ сын сæ хуызтæ æмæ æнкъарæнтæ аразы музыкæйы руаджы.  Александр у баянист, ныррыкон технологиты фæрцы та йын бантыст адæймаг-оркестр суæвын.  Сæрмагонд клавиатурæ – миндийы æххуысæй та айхъуысын кæны æндæр музыкалон инструментты зæлтæ.  Александр  хорз базыдта профессионалон мигæнæнтимæ æмæ сæрмагонд программæтимæ архайын. Ныр æнцонтæй йæхæдæг фыссы музыкæ.  Фыссы йæ, куыд æй æнкъары, афтæ. Уæлмонц та йæ скæнынц рæсугъд æмдзæвгæтæ.

Александр Иванов фарæстæм къласы фæстæ кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы куырмыты Æппæтуæрæсеон æхсæнады ахуырадон-арæзтадон куыстуаты трактортæ æмæ машинтæн кусæн хæйттæ аразæн цехы. Уæдæй фæстæмæ фæцалх ис сфæлдыстадон архайдыл.  Зарыди хоры, цагъта баяныл. Уæвгæ йæм аивадмæ тырнындзинад сывæллонæй фæзынд.  Уæлдай фылдæр та уарзы æфсæддон зарджытæ. Ныффыста музыкæ куырм юрист Дзалаты Русланы æмдзæгæтæм гæсгæ. Уыдон сты зарджытæ  «У братской могилы» æмæ  «Вальс Победы» .

2006–æм азы  Александр  базыдта компьютерыл кусын дæр. Ныр та йæхæдæг йæ зонындзинæдтæ, ацы къабазы, дæтты, æвзæр чи хъусы æмæ уыны, уыцы адæмæн. Нырыккон технологиты фæрцы, се нæниздзинадмæ гæсгæ сæ авналæнтæ сæ зæрдæйы фæндон кæмæн не сты, уыдонæн фæзынд фылдæр гæнæнтæ сæ алфæмбылайы дуне банкъарынæн.

Александр Ивановы сфæлдыстады стыр бынат ахсынц рагон зæрджытæ, стæй классикон литературæ. Уарзы ма интернеты зонадон лекцитæм хъусын. Æнкъарæнтæ æргом кæнгæйæ та ма загъта, йæ куысты уæлхъус дзы рæстæг кæй ферох вæййы, уый. Иу зарæг ныффыссыныл æй бахъæуы къуыри. Фæархайы йыл æхсæвæй – бонæй, иу нотæйыл иннæ æфтаугæйæ. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania