филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:15 суббота, 28 сентября 2024
14 июля 2021, 13:52
Æхсæрысæры цæрджытæ тыхсынц, сæ цæрæн уавæртæ тæссагæй-тæссагдæр кæй кæнынц, уымæй

Сæ хæдзæрттæ бонæй-бонмæ тынгдæр згъылынц

Æрæфы районы Æхсæрысæры цæрджытæ тыхсынц, сæ цæрæн уавæртæ тæссагæй-тæссагдæр кæй кæнынц, уымæй. Сæ хæдзæрттæ бонæй-бонмæ тынгдæр згъылынц. Сæ аххосаг – зæххы лæбырдтытæ. Хъæуы цæрджытæ тæрсынц, æнæ цæрæнуæттæй куы баззайой, уымæй. Сæ уавæртæ сын федта не сфæлдыстадон къорд. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.

Æрдзон фæзындтыты хъаруйæн дам æмбал нæй, фæзæгъынц, æмæ хуымæтæджы нæ. Джимиты Æхсары хæдзары арæзт нæ бафæрæзта лæбырдтытæн. Бæстыхайы уæттæй иуы къултæ дæр æнæ скъуыдæй нæ баззадысты. Сæ цæлгæнæны дзаумæттæ æддæмæ рахастой. Æхсар  тæрсы, сæ хæдзар бынтон куы ныккæла, уымæй.

Æхсæрысæры ахæм уавæры сты фондз хæдзары. Се ппæты дæр бахъыгдардтой лæбырдтытæ. Пъолтæ къæс-къæс кæнынц, къултæ кæлынц, царæй тæдзы. Иу ныхасæй цæрынæн сты тæссаг, зæгъынц бынæттон цæрджытæ.

Уыимæ канд бæстыхæйттæ не сты уæззау уавæры , фæлæ ма зæхх дæр банкъуысыд. Исты садзынмæ нал бæззы. Хæдзæртты хицæуттæй чидæртæ архайынц сæхи хъарутæй уавæр фæхуыздæр кæныныл, æмæ хуынчъытæ дзаг кæнынц арæзтадон фынкæй. 

Ацы æрдзон æнæнхъæлæджы цау канд Æхсæрысæры цæрджыты нæ тыхсын кæны. Абоны бонмæ республикæйы 11 хъæуы   164 хæдзары лæбырдтыты аххосæй сты кæлæддзаг уавæры. Æрæфы районы администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй ацы фарста алыг кæнынæн  муниципалон бюджетæй уыйас фæрæзтæ радих кæнынæн гæнæнтæ нæй, уыимæ нæй, ахæм куыстытæ кæдæм бахæссæн ис, ахæм федералон программæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania