филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:20 суббота, 28 сентября 2024
15 июля 2021, 12:06
Мæздæджы Сабырдзинады уынджы хæдзæрттæй иуы цæрджытæ сæ кæртæй сарæзтой æцæг музей

Алцыдæр скодтой сæхи къухтæй

Мæздæджы Сабырдзинады уынджы хæдзæрттæй иуы цæрджытæ сæ кæртæй сарæзтой æцæг музей. Алцыдæр скодтой сæхи къухтæй. Сæмбырд кодтой цалдæр коллекцийы. Сæ иу баст у алыхуызон сахаттимæ. Райдай къулыл ауындзгæтæй, æмæ будильниктæй фæуы. Иуæй-иутæ конд сты хи куъхтæй æмæ хуымæтæг предметтæй. Зæгъæм, цæлгæнæны мигæнæнтæй. Суанг ма дзы фенæн ис цалхæй æмæ вентилятортæй конд сахаттæ.

Зæгъæн ис, æмæ кæмæй нал пайда кодтой, ахæм дзаумæттæ райстой дыккаг цард. Сахаты фаттæ та æвдисæг сты, Мæздæгæй нæ бæстæйы алы æндæр горæттæм цас рæстæг цæуын хъæуы, уый. Сæйрагдæр фатыл фыст ис «На Берлин!», æмæ фæзынди 9-æм майы агъоммæ. Цæрджытæ сфæлдыстадон цæстæнгас равдыстой сæ подъездтæ æмæ клумбæтæ аив кæныны хъуыддаджы дæр. Уымæй дарддæр ма рæстæгæй-рæстæгмæ саразынц алыхуызон конкурстæ, хуыздæр экспонат æмæ бынат равзарыны тыххæй. Алфамбылай территоримæ зилыныл ахуыр кæнынц фæсивæды дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania