филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:14 суббота, 28 сентября 2024
23 июля 2021, 15:50
Фæстаг рæстæг тынг тæвд бонтæ кæй хæссы, уымæ гæсгæ адæмы сæхимæ лвасынц доны объекттæ

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ, пъæлицæйæгтæ æмæ æрыгон ирвæзынгæнджытæ аразынц иумæйаг рейдтæ, æмæ бæрæг кæнынц ахæм найæн бынæттæ

Фæстаг рæстæг тынг тæвд бонтæ кæй хæссы, уымæ гæсгæ адæмы сæхимæ лвасынц доны объекттæ. Фæлæ сæ фылдæр хи найынæн нæ бæззынц, æмæ сты тæссаг. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ, пъæлицæйæгтæ æмæ æрыгон ирвæзынгæнджытæ аразынц иумæйаг рейдтæ, æмæ бæрæг кæнынц ахæм найæн бынæттæ. Бæрæггæнæн мадзæлттæ райдыдтой Алагиры районæй. Цавæр хатдзæгтæ скодтой, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Æнтæф бонты республикæйы цæрджытæ атырнынц цæугæдæтты, æхсæрдзæнты æмæ суадæтты размæ. Афтæмæй та нæм хи найæн ис æрмæстдæр 5 доны объекты. Уыдон та сты Дзæуджыхъæуы, Мæздæджы æмæ Октябрьскæйы доны станцæтæ, горæты бассейн Терчы былгæрон, стæй Майрæмададжы фæлладуадзæн базæ. Иннæ объекттæ нымад сты тæссагыл. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ, пъæлицæйæгтæ æмæ ирвæзынгæнджыты студентон корпусы уæнгтæ рацыдысты рейды, æмæ федтой Алагиры доны объекттæ.

Ацы аз æнæнхъæлæджы уавæрты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæдæлдон сты 5 адæймаджы. Æрæджы ахæм цау æрцыд Æрыдоны. 23-æм июны цæугæдоны ныххаудысты нæлгоймаг æмæ сылгоймаг. Ирвæзынгæнджытæ сылгоймаджы аирвæзын кодтой, нæлгоймаг та фæмард. Бирæты нæ фæуырны, кæм не мбæлы, ахæм бынæтты хи найын тæссаг кæй у, уый. Зæгъæм, ацы сылгоймæгтæ, сæрмагонд нысантæ ницæмæ æрдаргæйæ, сфæнд кодтой цæугæдоны цур сæ фæллад суадзын. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ семæ, æмæ ма ацы ранмæ хæстæг цы фæллойгæнджытæ куыстой, уыдонимæ кодтой профилактикон ныхас.

Алагиры ис фæллад уадзынæн сæрмагонд бынæттæ. Ис дзы беседкæтæ, фæлæ дзы хи найæн нæй. Дзебойты Ацæмæз йе мбæлттимæ тезгъойы фæстæ æрбацыд ардæм баулæфынмæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министарды кусджытæ ма иу хатт сывæллæтты зæрдыл æрлæууын кодтой, донмæ цæуæн кæй нæй, уый. 

Ирвæзынгæнджытæ рейды рæстæг профилактикон ныхас кодтой фæткхалджытимæ, фæлæ сæ сæ бон ивар кæнын нæу. Административон барадхæлдтыты тыххæй кодексмæ ныртæккæ хаст цæуынц ивддзинæдтæ, сæрмагондæй ацы хъуыддаджы фæдыл. Муниципалитетты сæргълæуджытæн та бабар кодтой адæмы фæллад уадзынæн бынæттæ самал кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania