филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:15 суббота, 28 сентября 2024
03 августа 2021, 12:36
Хъуылаты Таймураз 2013-æм азæй нырмæ тох кæны йæ бартыл, йе нæниздзинадыл æмæ цæрæнуатыл

У хæстон цауты ветеран, инвалид, Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй лæгдзинады орден хæссæг

Хъуылаты Таймураз 2013-æм азæй нырмæ тох кæны йæ бартыл, йе нæниздзинадыл æмæ цæрæнуатыл. У хæстон цауты ветеран, инвалид, Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй лæгдзинады орден хæссæг. Фæлæ, хъыгагæн, уый фаг нæу, цæмæй Таймураз цæра æмбæлгæ уавæрты. Кировы районы администрацийы йæ сæвæрдтой, районы цæрджытæй цæрæнуат райсынмæ рады чи лæууы, уыдоны иумæйаг хыгъдмæ. Фæлæ ам дæр йæ хъуыддаг нæ фæрæстмæ. Рад бирæ азты йæ бынатæй дæр нæ сызмæлд. Касаты Наирæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Уæззæутты бæсты агуыридур, бандон ивы зæронд сынтæг. Хъуылаты Таймураз йæ алы райсом дæр райдайы дзæбæхгæнæн гимнастикæйæ. Ветеран æмæ Цæцæны хæстон цауты инвалид ацы тренажер скодта йæхи хъарутæй. Йе нæниздзинад фæфидардæр кæны кæрты, хæдзары йын ахæм фадæттæ нæй. Йæхи цæрæнуат райсыныл Таймураз архайы 2013-æм азæй фæстæмæ. 16 азы размæ йын нæ бантысти æфсæддон цауты ветеранты цæрæнуæттæй ифтонг кæныны федералон программæйы архайынмæ йæ гæххæттытæ бадæттын. Уал азы Хъуылаты Таймураз йæхи дзæбæх кæны йæ бирæ цæфты фæстæ.

Таймураз бирæ хæттыты курдиæттимæ бацыди Кировы районы администрацимæ. Уым ветераны сæвæрдтой, районы цæрджытæй цæрæнуат райсынмæ рады чи лæууы, уыдоны иумæйаг хыгъдмæ. Фæлæ ам дæр йæ хъуыддаг нæ фæрæстмæ. 8 азмæ рады хыгъд йæ бынатæй дæр нæ фезмæлд. Таймуразы ныхæстæм гæсгæ йæм ис æппæт æвдисæндартæ, 2005-æм азы ветеран йе нæниздзинад дзæбæх кодта алы медицинон куыстуæтты æмæ хъæугæ гæххæттытæ сæмбырд кæнын йæ бон нæ уыди. Ныр йæ адвокатимæ фæлвары хæдзар тæрхондоны уылты райсыныл.

Хъуылаты Таймураз æфсады рæнхъыты æрлæууыди, 19 азы йыл куы цыди, уæд. Цæцæны хæст, уæззау цæфтæ, операцитæ, инвалид. Рæмудзæн æрмæджы схъистæй иу афтæ дæр баззад ветераны зæрдæйы бын. Таймураз куыд зæгъы, афтæмæй уыцы цæф райста сæрмагонд хæс æххæстгæнгæйæ. Уыцы бон ын йæ цард адих кодта дыууæ хайыл.

Цæфты æмæ рынчындæтты фæстæ Таймуразы уæддæр фæндыди йæ службæ дарддæр æххæст кæнын. Фæлæ йе нæниздзинадмæ гæсгæ йæ бон нæ баци. Демобилизацийы фæстæ йæхицæн ссардта рæстæгмæйы куыст арæзтады. Уым ма йыл ноджыдæр æрцыди иу фыдбылыз, Таймуразыл æрхауди уæззау æфсæйнаг. Афтæмæй, ветеран баззади инвалиды коляскæйы. Фыдыбæстæйы цур сгуыхтдзинæдты тыххæй Хъуылаты Таймураз хорзæхгонд æрцыди лæгдзинады орденæй. Ныр та ветеран тох кæны йæ бартыл, йе нæниздзинадыл æмæ цæрæнуатыл. Фæлæ нырма йæ къухы уыдонæй ницы æфты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania