Афæдзы размæ кусын райдыдта Мæздæджы районы, сæрмагонд программæ «Земский фельдшер»-мæ гæсгæ
Иу – се ппæты бæсты дæр. Сухотскийы хъæуы кусæг фельдшер Цæллагкаты Иринæ лæггад кæны 900 адæймагæн. Афæдзы размæ кусын райдыдта Мæздæджы районы, сæрмагонд программæ «Земский фельдшер»-мæ гæсгæ. Фыццаг æххуыс бакæнынæй дарддæр ма, кæд бахъæуа, уæд йæхæдæг бацæуы адæмæн сæ хæдзæрттæм. Уыимæ – зындзинæдтæ нæхынцгæйæ. Сусæгдзинад дæр дзы нæй – æрмæстдæр хъæуы равзæрст дæсныйад уарзын, æмæ дохтыры ардбахæрд æххæст кæнын. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Тельман Туранов бынæттон фельдшерон-акушерон пунктмæ цæры тынг хæстæг. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ивгъуыд азы кæрон ам медицинон пункт куы байгом кодтой, уæд сæ цард фæци æнцондæр æмæ æдасдæр. Уымæн æмæ йæ зоныс, цыфæнды афон дæр райсдзынæ æмбæлгæ медицинон æххуыс. Райдай туджы æлхъывдад сбарынæй, æмæ ковид сбæрæг кæныны тестæй фæуы.
Фельдшер Цæллагкаты Иринæйы хыгъды ис 900 адæймаджы. Уыйас у Сухотскийы цæрджыты нымæц. Иринæ адæмæн лæггад кæны алы бон дæр, куыд фельдшерон-акушерон пункты, афтæ бацæуы адæммæ сæ хæдзæрттæм дæр. Куысты фæтк у уæззау, уымæн æмæ коронавирусы аххосæй рынчынты нымæц зынгæ фæфылдæр. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ медик йæ пациенттæм фæцæуы фистæгæй. Сухотскийы ацæргæ адæмы нымæц дæр чысыл нæу. Сæ иу Тамара Панова. Цæуы йыл 90 азмæ хæстæг.
Цæмæй æнæ къуылымпытæй кусай, уый тыххæй сылгоймаджы бахъуыд йæ цæрæн бынат Æрыдонæй Мæздæджы районмæ баивын. Фæллой кæны алы бон дæр, фæлладуадзæн бон та æрмæстæдæр иу – хуыцаубон. Уæд фембæлы йæ бинонтимæ. Фæлæ Цæллагкаты Иринæ зæгъы, йæ куыст æмæ йæ пациентты уарзы. Кæд зын у, уæддæр ын хорз æххуыс у йæ фæлтæрддзинад. Тагъд æххуысы къабазы фæкуыста 20 азы онг.
Цæллагкаты Иринæ куыд зæгъы, афтæмæй йын тынг æххуыс у уый дæр, æмæ районы дохтыртимæ æнгом æмгуыстад кæй кæны. Иумæ кусын бирæ æнцондæр у. Виноградныйы поликлиникæйы специалисттæ скæнынц бæлвырд амынддзинæдтæ, медикаменттæ та райсынц Мæздæгæй.




