филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:17 суббота, 28 сентября 2024
11 августа 2021, 11:30
Сывæллæтты паркæй аттракционтæ рæстæгмæ хаст æрцæудзысты Олимпаг паркмæ

Цалынмæ раздæры цады бынаты цы арæзтад ис, уый хæлд æрцæуа, уæдмæ уыдзысты уым

Сывæллæтты паркæй аттракционтæ рæстæгмæ хаст æрцæудзысты Олимпаг паркмæ. Цалынмæ раздæры цады бынаты цы арæзтад ис, уый хæлд æрцæуа, уæдмæ уыдзысты уым. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, уый баст у 12-уæладзыгон объекты демонтажимæ. Халын æй райдайынмæ хъавынц 13-æм августы. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, рацарæзты пайда кæндзысты 4 роботæй. Рагагъоммæ нымадмæ гæсгæ куыстытæ цæудзысты 2 мæйы. Ныртæккæ проектмæ кæсынц техникон цæстдарды управленийы специалисттæ. Цы хатдзæг скæной, уымæ гæсгæ куыстытæм бавналдзæн подрядон организаци – æнæххæстбарджын æхсæнад «Александр Градъ». Уый нымад у хуыздæртæй иуыл. Бирæуæладзыгон арæзтад хæлд цæудзæн, инновацион мадзæлттæй пайда кæнгæйæ. Зиан не рхæсдзæн хæстæгдæр цæрæн хæдзæрттæн æмæ объекттæн. Æхсæвæй бонæй арæзтадон объект цæудзæн хъахъхъæд. Рад дзы хæсдзысты мидхъуыддæгты æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрадты кусджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania