филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:24 суббота, 28 сентября 2024
16 августа 2021, 13:15
Машинæтæ ифтонггæнæн артаджы станцæты æвиппайды сырæзти газы аргъ

Иу литр фæзынаргъдæр 8 сомы

Машинæтæ ифтонггæнæн артаджы станцæты æвиппайды сырæзти газы аргъ. Иу литр фæзынаргъдæр 8 сомы. Уыимæ, цайбæрц æлхæныс, уый нæхынцгæйæ. Ома хицæнæй æлхæнгæйæ дæр йæ аргъ у биржæйы аргъимæ æмхуызон. Ахæм ивддзинæдтæ зынгæ фæбæрæг уыдзысты машинæты хицæутты дзыппыл. Уый иу. Иннæ ахсджиаг хъуыддаг та у – артаджы станцæтæ сæ куыст кæй баурæдтой, уый. Цы у уавæры аххосаг, æмæ кæдмæ уыдзæн афтæ, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Гуытъиаты Алинæ радзурдзæн бæлвырддæр хабæрттæ.

Гӕдиайы-фырты уынджы цы газы артаджы станцӕ ис, уый ацы хатт у афтид. Машинӕтӕ бацӕуынц ӕмӕ куы бамбарынц, станцӕйы газ нӕй, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхынц. Пропаны аргъ ӕвваст кӕй сырӕзт, уый фӕстиуджытӕ сӕхи равдыстой. Дыккаг бон станцӕ у ӕнӕ газӕй. Ис дзы фӕлхасгӕнджытӕн хъусынгӕнинаг, артаджы аргъыл кӕй схӕцыдысты, уый тыххӕй. Мӕнӕ ацы станцӕйы цы чысыл муртӕ баззад, уыдон изӕрмӕ дӕр не сфаг уыдзысты. Райсом гӕнӕн ис ӕмӕ сӕ куыст ӕруыромдзысты. 5 августы Ног Уренгойы фыдбылыз ӕрцыд газы куыстгӕнӕг комплексы. Уыцы куыстуат та нымад у нӕ бӕстӕйы сӕйрагдӕрыл газы къабазы. Артаджы бӕрц кӕй фӕкъаддӕр, уый тыххӕй ӕргътӕ ӕвваст сырӕзтысты. Уӕд ӕмӕ чысыл раздӕр артаджы аргъ дыууын фондз сомы уыд, уӕд ныртӕккӕ йӕ бӕрц ссис 32 сомы. Уыйимӕ та фӕлхасгӕнджытӕ разы не сты.

Амалхъом адӕм куыд зӕгъынц, афтӕмӕй газы цистернӕ сӕ къухы зынтӕй бафтыд. Балхӕдтой йӕ литры 31 сомы, афтӕмӕй. Ныр та артаджы аргъ биржӕйы фӕстӕмӕ сырӕзт.

Ахӕм ӕргътыл артаджы станцӕты хицӕутты кусын нӕ фӕнды.

Алы станцӕты газӕн алы аргъ ис. Монополиты ныхмӕ службӕйы куыд зӕгъынц, афтӕмӕй амалхъом адӕм ныртӕккӕ кӕй кӕнынц, раздӕр кӕй балхӕдтой,уыцы артаг. Куы сын фӕуа, уӕд аргъыл бафтаудзысты.

Специалистӕ зӕрдӕ ӕвӕрынц, сентябры уавӕр кӕй аивдзӕн, уымӕй. Уӕдмӕ хъуамӕ газы куыстгӕнӕг завод йӕ куыст сног кӕна. Уӕдмӕ та уал артаг у стыр дефициты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania