Стыр æргом аздæхтой афæдзы фыццаг æмбисы куысты хатдзæгтæм
Æрæфы районы бюджетыл æрныхас кодтой Хицауады æмбырды. Арæзт æрцыд Цыколайы. Стыр æргом аздæхтой афæдзы фыццаг æмбисы куысты хатдзæгтæм. Афтæ, районы администрацийы сæргълæууæг Лагкуты Омары ныхæстæм гæсгæ, уыцы мгъуыдмæ хъалонты æмæ æнæхъалон æфтиæгтæ сырæзтысты 111%, фаронимæ абаргæйæ. Уыимæ – хицæн адæймæгтæй æфтиæгты хай у 30%. Дыккаг бынаты сты хъæууонхæдзарадон зæххытæй арендæ исыны æфтиæгтæ – 26%. Æмбырды ма загътой, районы кæй нæй зæххыты кадастрон аргъ фæныллæгдæр кæныны цаутæ. Фарстатæ ис цалдæр хъæуы хъалонтæ æмбырд кæнынимæ. Фæлæ æмтгæй райсгæйæ уавæр у рæстæмбис. Хуыздæрырдæм ивы муниципалон фæрæзты программæйы фæрцы. Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг бабар кодта ацы къабазы куыст фæахадгæдæр кæнын.
Æмбырды ма дзырдтой чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады рæзтыл. Æрæфы районы бизнесæн æппæтæй æнтыстджындæр къабæзтæ сты хъæууон хæдзарад, туризм, æхсæнадон хæрæндæттæ, рог промышленность æмæ уæй кæныны хъуыддаг. Æдæппæтæй муниципалон сконды сæ куыст аразынц чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады 507 субъекты. Се хсæн егъау хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ стæй туристон-рекреацион къабаз. Куыд бафиппайдтой, афтæмæй районы стыр куыст цæуы хорз уавæртæ аразыны тыххæй. Стыр æргом здахынц æмбæлгæ инфраструктурæмæ æмæ паддзахадон æххуысмæ. Ам ныхас цæуы мæгуырдзинадимæ тохы программæйыл. Уый æххæст кæнгæйæ, бафыстой 137 контракты. Уыдонæй 93 баст сты экономикон архайдимæ.




