филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:05 суббота, 31 января 2026
18 августа 2021, 13:34
Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом кодтой сывæллæтты рæвдауæндон

Ног бæстыхай у 280 бынатæн

Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры байгом кодтой сывæллæтты рæвдауæндон. Скъолайы агъоммæйы ахуыргæнæндон арæзт æрцыди национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæты æнцонвадат цард»-ы фæлгæты. Ног бæстыхай у 280 бынатæн. Районы ацы цаумæ æнхъæлмæ кастысты рагæй. Уазджыты хсæн бæрæгбоны уыдис не сфæлдыстадон къорд дæр æмæ бæстондæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Сабитӕн бӕрӕгбоны комулӕфт абон аргъӕутты хъайтартӕ балӕвар кодтой. Ацы диссаджы равдыст сын сарӕзтой, Дзӕуджыхъӕуы 19 микрорайоны ног сывӕллӕтты рӕвдауӕндон кӕй байгом, уый кадӕн. Ацы бонмӕ микрорайоны цӕрджытӕ рагӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты. Бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты нымӕц сонтӕй ничи банымайдзӕн ӕмӕ уый хыгъд районы ис бирӕ сывӕллӕттӕ.

Уый тыххӕй ныййарджытӕ ӕмӕ сабитӕн ацы бон ӕцӕг бӕрӕгбон у.

Парламенты сӕрдарӕй дарддӕр кадджын мадзалмӕ ӕрбацыдств Хицауады сӕрдары хӕдивӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнджытӕ Тугъанты Ларисӕ ӕмӕ Кӕсӕбиты Игорь, ахуырад ӕмӕ наукӕйы министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Алыбегты Эллӕ, арӕзтад ӕмӕ архитектурӕйы министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Моргуаты Константин. Уыдон бӕлвырд ӕркастысты ног бӕстыхайы уавӕрмӕ.

Подрядон куыстуат бӕстыхай сарӕзта цыбыр ӕмгъуыдмӕ. Кӕд арӕзтад афӕдзы ӕрдӕгмӕ ахицӕн, уӕддӕр нырыккон домӕнтӕ сеппӕтдӕр ӕххӕстгонд ӕрцыдысты. 

Ног бæстыхайы ис фондз корпусы. Уым æрбынат кодтой хæрæндон, бассейн, спортивон зал, медицинон блок æмæ музыкалон кабинет. Рæвдауæндоны территорийы ис хъазæн фæзтæ, тезгъогæнæн бынæттæ, стæй æнцонархайд уавæртæ инвалид сывæллæттæн. Хъомылгæнинæгтимæ кусдзысты психологтæ, логопедтæ æмæ æндæр специалисттæ. Уымæй уæлдай дзы ис полилингвалон ахуырады къорд дæр. Сывæллæтты æмхиц кæндзысты шахмæттæм, хореографи, гимнастикæ æмæ англисаг æвзагмæ. Объекты арæзтад цыдис 2020 азæй фæстæмæ цæрæнуæтты æмæ горæты тыгъдады национ проект æххæсткæнгæйæ.

Бирӕ ныййарджытӕ рӕвдауӕндонмӕ уыцы иу рӕстӕг радтой цалдӕргай сывӕллӕтты. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй арӕзтадмӕ цӕст дардтой ӕмӕ сӕ тынг фӕндыд ардӕм сӕ цоты ӕрбакӕнын.

Бӕстыхайы уыдзӕнис 15 къордӕн бынат. Ардӕм цӕудзысты, авд азы онг цы сабитыл цӕуы, уыдон. Рӕвдауӕндоны территорийыл та ис тыргътӕ, хъкэазӕн фӕрӕзтӕ ӕмӕ ма суанг гимнастты ифтонгарз дӕр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania