филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:24 суббота, 28 сентября 2024
19 августа 2021, 14:15
Цæгат Ирыстоны райдыдта Æппæтуæрæсеон социалон акци «Твой ход! Пешеход»-ы регионалон къæпхæн

Фæндаггон фæтк зонын, домæнтæ æххæст кæнын, культурон уæвын алы уавæрты дæр, æмæ фистæгæйцæуæджы балц æнцонвадат æмæ æдас скæнын

Цæгат Ирыстоны райдыдта Æппæтуæрæсеон социалон акци «Твой ход! Пешеход»-ы регионалон къæпхæн. Кампанийы сæйраг хъуыды у уый, æмæ фистæгæйцæуæг у фæндаггон змæлды æппæтæй сæрибардæр архайæг. Фæндаггон фæтк зонын, домæнтæ æххæст кæнын, культурон уæвын алы уавæрты дæр, æмæ фистæгæйцæуæджы балц æнцонвадат æмæ æдас скæнын. Стыр æргом аздахдзысты цалдæр фарстамæ. Се хсæн – фæндаг, кæм æмбæлы, æрмæстдæр ахæм бынæтты хизын, шофырты къæрцъхъус уæвын, сывæллæтты æдасдзинады домæнтыл ахуыр кæнын, уыимæ талынг рæстæг рухсæздахæн уæлæдарæс, кæнæ нысантæ дарын. Уæлдайдæр та æвзæр боныхъæд куы уа, уæд. Нæ республикæйы ивгъуыд азмæ бахыгътой 720 фæндаггон фыдбылызы. Фæмард дзы 101 адæймаг, минæй фылдæр та фесты алыхуызон цæфтæ.

Знонæй фæстæмæ Дзæуджыхъæуы уынгты цæуынц профилактикон мадзæлттæ. Фæндæгтыл цæуы агитацион автобус. Фистæгæйцæуджытæн хъусын кæны фæндаджы æдасдзинады тыххæй. Уымæй дарддæр сын уарынц зырдылдарæн хъусынгæнинæгтæ. Акци цæудзæн 7 боны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania