филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:08 воскресенье, 01 февраля 2026
25 августа 2021, 11:36
Сергей Меняйло кусæг фембæлд арвыста амалхъом адæмы бартæ æххæстбарджын хъахъхъæнæг Медойты Тимуримæ

Сæ ныхас баст уыд актуалон фарстатимæ

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло кусæг фембæлд арвыста амалхъом адæмы бартæ æххæстбарджын хъахъхъæнæг Медойты Тимуримæ. Сæ ныхас баст уыд актуалон фарстатимæ. Бæлвырддæр та чысыл æмæ астæуккаг бизнесы рæзтимæ. Уымæй дарддæр стыр æргом аздæхтой, нæ республикæйы амалхъом адæмы чи тыхсын кæны, уыцы хъуыддæгтæм.  Медойты Тимур фехъусын кодта, цæгатирыстойнаг амалхъом адæм кæй тыхсынц, хъæбæр хауæддзæгты куыст чи кæны, уыцы регионалон операторы куыстæй. Кæд æмæ нæм бырæттæ ласыны тариф, Уæрæсейы иннæ регионтимæ абаргæйæ, у ныллæгдæр, уæддæр юридикон бæрнондзинад кæуыл ис, стæй хицæн амалхъом адæмæй исынц дзæвгар фылдæр аргъ. Ис ма æндæр системон лыггæнинаг фарстатæ дæр, æмæ сыл Цæгат Ирыстоны бизнес-æхсæнад арæх сæмбæлы. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй æппæт фарстатыл бæстондæрæй кусыны фадат ратдзæн, ведомствоты хсæн арæзт къамис. Хаст æм æрцæудзысты цæстдарæн структурæты, хицаудзинады оргæнты æиæ бизнесы минæвæрттæ. Республикæйы разамонæг Медойты Тимурæн бабар кодта фарстамæ бындуронæй æркæсын. Фембæлды ма ныхас цыд, республикæйы Сæргълæууæджы цур арæзт амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæг Советы архайдыл. Йæ фæзыл гæнæн ис ахадгæ диалог саразын хицауады æмæ бизнесы хсæн. Сергей Меняйло бабар кодта Советы хæсты æмæ нысанты ахадындзинадыл бакусын, цæмæй фидæны бæлвырд хъуыддæгтыл куыст цæуа, уый тыххæй. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania