филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 суббота, 28 сентября 2024
25 августа 2021, 11:44
Проект «Алания-Лайн» æххæст кæнгæйæ, Рахизфарсы районы фæсивæд зонгæ кæны сыхаг хъæуты зæрдылдарæн бынæттимæ

Лæвар экскурситæ сын аразынц фæлтæрдджын гидтæ

Проект «Алания-Лайн» æххæст кæнгæйæ, Рахизфарсы районы фæсивæд зонгæ кæны сыхаг хъæуты зæрдылдарæн бынæттимæ. Лæвар экскурситæ сын аразынц фæлтæрдджын гидтæ. Иу фæлтæр иннæйы ивгæйæ, лæппутæ æмæ чызджытæ цымыдисаг бынæттæм бакæсынц туристты цæстæнгасæй. Радон балцы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Иумæйаг къам – зæрдыл дарынæн. Дзаболаты Астан йе мбæлттимæ зæрдиагæй зонгæ кæны Алагиры районы номарæн æмæ историон бынæттимæ. Афтæмæй арæзт æрцыд фæндзæм лæвар экскурси Рахизфарсы районы фæсивæдæн. Лæппутæн æмæ чызджытæн сæ цины нкъарæнтæ æмбæхсын зын уыди. 

Цгъойты Мальвинæйы проект «Алания-Лайн» уæлахиздзау сси, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады хъæппæрисæй цы æхсæнадон ахсджиаг проектты конкурс арæзт æрцыд, уым. Грант райсыны уавæртæй сæйрагдæр уыд, цæмæй туристон балцыты архайой, 17 азæй 23 азы онг кæуыл цæуы, ахæм фæсивæд.

Къæсæры фидар, Мыкалгабырты кувæндон, Зæрæмæджы донæмбырдгæнæн æмæ афтæ дарддæр. Зæгъæн ис, æмæ ацы балцæй фæсивæд баззадысты разыйæ. æмæ ма уыцы мысинæгтæ бирæ рæстæг дардзысты сæ зæрдæты. Ахсджиаг у уый, æмæ сæ экскурситæм аласынц фæлтæрдджын гидтæ.

Хæстæгдæр рæстæг  ма нысан кæнынц 3 экскурсийы саразын. Афтæмæй фæсивæд бабæрæг кæндзысты фылдæр зæрдылдарæн, номарæн æмæ сыгъдæг бынæттæ. Æрмæст ацы хатт абалц кæндзысты Дæргъæвсы, Куыртатты æмæ Хъæрмæдоны кæмттæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania