филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:12 суббота, 28 сентября 2024
25 августа 2021, 11:49
Михайловскæйы фæлладуадзæн паркæн лæвæрд æрцыди инæлар-майор Къæдзилты Барисы ном

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты проект «Хъæбатыры уынг æххæстгæнгæйæ

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты проект «Хъæбатыры уынг æххæстгæнгæйæ, Михайловскæйы фæлладуадзæн паркæн лæвæрд æрцыди инæлар-майор Къæдзилты Барисы ном. Уый республикæйы проекты фыццаг объект нæу. Мадзал ацыди кадджын уавæры. Номарæн фæйнæджы цур ралæууыд æвзонг æфсæддонтæй кадджын рад. Йæ байгом кæныны бар лæвæрд æрцыди Къæдзилты мыггаджы минæвæрттæн æмæ адæмон фронты активисттæн. Къæдзилты Барс райгуырди Хуссар Ирыстоны автономон облæсты кусæг бинонты хсæн. 1928-æм азы ралыгъдысты Дзæуджыхъæумæ, уый фæстæ та æрцардысты Михайловскæйы. Уырдыгæй ацыди æфсадмæ дæр. Барис архайдта карз тохты. Фæци уæззау цæф. Куы сдзæбæх, уæд æй снысан кодтой 334-æм мысанæхсæн дивизийы артиллерион полчы хицауы æххуысгæнæгæй. 43-æм азы артиллерион командæгæнæджы хуызы ацыди Мæскуыйы æфсæддон зылдмæ.  Йе фсæддон фæндаджы разамынд лæвæрдта бирæ бæрнон хъуыддæгтæн. Куыд фæстæдæр, Барис йæ кармæ гæсгæ æрвыст æрцыди запасмæ. 80-йæм азы ахицæн йæ цардæй æмæ ныгæд æрцыди Ташкенты. Йæ хъæбатырдзинæдты тыххæй йын саккаг кодтой бирæ паддзахадон хæрзиуджытæ, се хсæн Сырх Тырысайы æмæ Сырх стъалыйы ордентæ, Мæскуы хъахъхъæныны æмæ Германийыл фæуæлахиз уæвыны майдантæ. Ахæм адæмы ном сæнусон кæныны хъæппæрис у патриотон нысанимæ, æмæ фидæны фæлтæртæн хъомылады ахадгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania