филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:21 суббота, 28 сентября 2024
01 сентября 2021, 12:25
Цæгат Ирыстоны паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ профилактикон куыст кæнынц скъоладзаутимæ æмæ сæ ныййарджытимæ

нспектортæ зæрдыл лæууын кæнынц, фæндаггон змæлды фæтк æххæст кæнын ахсджиаг кæй у, уый

Ног ахуыры азы агъоммæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ профилактикон куыст кæнынц скъоладзаутимæ æмæ сæ ныййарджытимæ. Инспектортæ зæрдыл лæууын кæнынц, фæндаггон змæлды фæтк æххæст кæнын ахсджиаг кæй у, уый. Профилактикон мадзæлттæ цæуынц хæдзæртты кæртыты, базарадон бынæтты, ныййарджытæ сабитимæ сæ фæллад кæм фæуадзынц, ахæм бынæтты. Ахæм куыст цæуы республикæйы алы районы дæр. Сабитæн æмæ сæ ныййарджытæн æмбарын кæнынц, фæндæгтыл хи бахъахъхъæныны фæтк. Фæлæ, ацы хъуыддаджы сæйрагдæр у, цæмæй ныййарджытæ сæ кæстæртæн æдасдзинады мадзæлттæ æмбарын кæной сæхи дæнцæгæй. Автоинспектортæ сæ цæст дарынц шофыртæм дæр. Семæ ныхас кæнынц, домынц æдасдзинады рæттæй пайда кæнын. Инспектортæ зæрдыл лæууын кæнынц, ахуыргæнæндæтты æмæ сабитæ бирæгæйттæй кæм æмбырд кæнынц, ахæм бынæтты уæлдай лæмбынæгдæр уæвын кæй хъæуы, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania