филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:17 суббота, 28 сентября 2024
02 сентября 2021, 12:24
Беслæны теракты зындон йæхиуыл банкъардта Яна Матвиенко

Уыцы сау сентябрь чызджы зондахаст цæхгæр аивта

2004-æм азы Беслæны зындон йæхиуыл банкъардта Яна Матвиенко. Уæд ыл цыди 11 азы. Ахуыр кæнын уарзта, кæддæриддæр тырныдта зонындзинæдтæ исынмæ. Зæгъæн ис, æмæ зонындзинæдты бон уыд йæ уарзондæр бæрæгбæттæй иу. Фæлæ уыцы сау сентябрь чызджы зондахаст цæхгæр аивта. Уæд йæхицæн рахаста уынаффæ, кæддæриддæр сывæллæттыл аудын йæ сæйрагдæр нысан кæй уыдзæн, уый. Йæ бæллиц сæххæст кодта, æмæ сси хъомылгæнæг. Йемæ базонгæ Гуытъиаты Алинæ, æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Аргъæутты кæдфæндыдæр хорз æвзæрыл фæуæлахиз вæййы. Янæ Матвиенко сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæн кæсы диссаджы аргъæуттæ æмæ фидарæй зоны – хъуамæ сабитæ фыдæхимæ макуы сæмбæлой. 2004 азы, 1 сентябры иуæндæсаздзыд Янæ араст ис Беслæны фыццаг скъоламæ. Цалдæр боны фæстæ йæ йæ бинонтæ тыххæйты ссардтой рынчындоны.

2004 ног ахуыры азмæ Янæ Матвиенко тынг зæрдиагæй æнхъæлмæ каст. Фæндыдис æй йе мкъласонты фенын. 2004 азы æхсæзæм къласы дыууын фондз ахуыргæнинагæй астæй фæмардысты.

Янæ сахуыр кодта экономисты дæсныйадыл. Фæлæ гæххæттытæ æмæ нымæцтимæ кусыны бæсты равзæрста хъомылгæнæджы дæсныйад.

Сабиты зындзинадæй бахизын, фыдбылыз сæм ма руадзын. Уый тыххæй Яна Матвиенко йæ цард сбаста сывæллæттимæ. Уый тыххæй Беслæны скъолайы амынæты уæвджытæ сæхи снывонд кæнынц адæмæн æмæ свæййынц дохтыртæ æмæ ахуыргæнджытæ. Цæмæй дунейыл хорздзинад тауой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania