филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 28 сентября 2024
03 сентября 2021, 12:11
Амалхъом адæмы 70% нæ фæнд кæнынц, бырæтты куыст чи кæны, уыцы регионалон операторимæ бадзырдтæ бафыссын

Уый тыххæй фехъусын кодтой сæрмагонд фембæлды. Архайдтой дзы бизнесы минæвæрттæ, компани «ЭРА»-йы кусджытæ æмæ профилон ведомствоты специалисттæ

Цæгат Ирыстоны амалхъом адæмы 70% нæ фæнд кæнынц, бырæтты куыст чи кæны, уыцы регионалон операторимæ бадзырдтæ бафыссын. Уый тыххæй фехъусын кодтой сæрмагонд фембæлды. Архайдтой дзы бизнесы минæвæрттæ, компани «ЭРА»-йы кусджытæ æмæ профилон ведомствоты специалисттæ. Регионалон операторы лæггæдты ныхмæ, амалхъом адæмæн сæхи ныхæстæм гæсгæ у уый, æмæ сæ тарифтæ сты æгæр бæрзонд. Уыимæ сæ куысты хæрзхъæддзинад та у хуыздæрхъуаг. Республикæйы амалхъом адæмы бартæ æххæстбарджын хъахъхъæнæг Медойты Тимуры хъуыдымæ гæсгæ, коммуналон организаци бынтон раст мадзæлттæ нæ аразы. Уыимæ ма комкоммæ ныхасмæ нæ цæуы, сæ лæггæдтæ чи исы, уыдонимæ. Регионалон операторы минæвæрттæ зæгъынц, ацы фарста сæвзæры æппынæдзухдæр. Республикæйы æмæ Дзæуджыхъæуы æххæстгæнæн оргæнтæ амалхъом адæмæн ахæм уавæртæ сарæзтой, æмæ сæ куыстуаты раз бырæтты контейнер сæвæрын зын у. Бæстыхайы æххæст фæзуатæн та тарифтæ куыд нымайынц, уый нырыккон домæнтæн дзуапп нæ дæтты. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министрады минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, афæдзы кæронмæ фæзындзысты ног нормативтæ. Уыдоны фæрцы лæггæдты аргъ уыдзæн æргомдæр æмæ пайдадæр, куыд бизнесæн, афтæ регионалон операторæн дæр. Бизнес-æхсæнады уæнгтæ сæхи рдыгæй компани «Эрæ»-йæ бадомдтой, цæмæй ногæй æркæсой фарстамæ æмæ сæ лæггæдты хæрзхъæддзинадмæ

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania