филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 суббота, 28 сентября 2024
03 сентября 2021, 12:35
17 азы размæ Беслæнмæ æрвыст æрцыдысты сæрмагонд æфсæддон дæлхайæдтæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы службæгæнджытæ

Липецкаг лæппу Олег Лоськовыл ацы аз июлы хъуамæ цыппор азы сæххæст уыдаид

17 азы размæ амынæты уæвджыты ирвæзын кæнынмæ Беслæнмæ æрвыст æрцыдысты сæрмагонд æфсæддон дæлхайæдтæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы службæгæнджытæ. Хъыгагæн дзы 10 æфсæддоны фæмард сты. Беслæны сæрмагонд операцийы размæ элитон æфсæдтыл ахæм зиантæ никуы рцыд. Зæгъдзыстæм уый дæр, æмæ Ирыстоны цæстыгагуыйау кæй хъахъхъæнынц уыцы хъæбатырты рухс ном. Уымæн æмæ сæхицæй æхгæдтой амынæтты, æмæ дзы бирæтæ аирвæзтысты. Ацы бонты нæ республикæмæ цæуынц æфсæддонты хæстæджытæ. Сæ иу, æппæтæй кæстæр службæгæнæг Олег Лоськовы хиуæттимæ аныхас кодта Гуытъиаты Алинæ, æмæ йын ныхасы бар. 

Беслæны трагедийы музейы директор Гуыриаты Надеждæ æвдисы терористты змæлды картæ. Уымæ гæсгæ фæнд котой сæ тугæйдзаг фæндаг. Музейы къултыл та центр «А»-йы æдзард кусджыты къамтæ. Уыдон æнустæм баззадысты æрыгæттæй.

Липецкаг лæппу Олег Лоськовыл ацы аз июлы хъуамæ цыппор азы сæххæст уыдаид. Йæ сабибонтæй бæллыдис æфсæддон службæмæ. «Альфæйы» хайадмæ Олег æрбацыдис Беслæны фыдбылызæй иу аз раздæр. Цалынмæ лæппу хъæбатырæй нæ фæмард, уæдмæ йæ хъæубæсты цæрджытæ нæ базыдтой, Олег кæм куыста, уый.

Олег Лоськовы номыл къласы ахуырдзау Доййаты Сослан у, амынæты чи уыдис, уыдонæй æппæты æрыгондæр. Йæ мад уыцы саубонты æнхъæлцауæй уыдис Беслæны скъолайы спортзалы.  Лæппу а дунемæ кæй фæзынд, уый тыххæй йæ хиуæттæ бузныг сты, амынæты чи уыдис, уыдоны чи уæгъд кодта, уыцы хъæбатыртæй дæр.

«Зæдты горæты» ис фенæн, хъазæн чи æрæмбæрзта, уыцы бронежилет. Спортзалы къулыл фыстытæ, «Альфæйы» хæстонты къамтæ скъолайы тыргъты. Беслæны фыдбылыз баиу кодта мингай адæмты. Фидар сæ бабаста, ферох кæнæн кæмæн нæй, уыцы мысинæгтæй. Скъолайы раз ахуырдзаутæ Олег Лоськовы номарынæн ныссагътой бæлас. Ацы æрыгон тулдз бæлас нысан кæны, Олег йæ цард цæй сæрвæлтау радта, уый æнустæм кæй уыдзæн, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania