филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:21 суббота, 28 сентября 2024
09 сентября 2021, 11:46
Елбайтыхъæуы фарста лыггонд æрцыд

Хæдзæртты сыгъдæг нуазыны дон фæзынди

Мæздæджы районы Елбайтыхъæуы фарста лыггонд æрцыд. Хæдзæртты сыгъдæг нуазыны дон фæзынди. Уæвгæ та сæм зындзинæдтæ фæзындысты июлы. Раздæр уал фæкъаддæр, уый фæстæ та уæвгæ дæр нал калди. Районы разамынды хъæппæрисæй арзæт æрцыд ведомстовты хсæн къамис. Куыд сбæрæг, афтæмæй къуылымпы кодта, дон кæцæй цыди, уыцы ран. Фарста алыг кæнынмæ бавнæлдтой республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзрады, артаджы æмæ энергетикæйы министрады специалисттæ. Аивтой хæтæлтæ, донцъирæнтæ, скважинæ та фæарфдæр кодтой 100 метры. Уæдæ бакуыстой доны сыгъдæгдзинадыл дæр. Цалцæггæнæн куыстыты фæстæ скодтой анализ, æмæ бæрæггæнæнтæй баззадысты разыйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania